Бæлæстыл ныхас

2 тыс. подписчиков

12+
12+

11 просмотров

9 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

11 просмотров

9 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

11 просмотров

9 лет назад

Цас къаддæр бæлæстæ сагъд уа, уый бæрц сыл адæм фылдæр хъуамæ хъуыды кæной æмæ сæ хъахъхæной. Сæ зæрдæтæ сыл кæмæн риссынц, ахæмтæ дæр разыны. Горæтгæрон районы цæрджытæ хъаст кæнынц, фæндæгты алыварс бæлæстæ кæй цæгъдынц, ууыл. Куыд зæгъынц, афтæмæй сæм ахæм хъуыддаг хорз æмæ раст нæ кæсы. Не сфæлдыстадон къорды уæнгтæ базыдтой, чи æмæ цæмæн калы бæлæстæ, уый. Æрæджы дæр ма фæндаджы дыууæ фарсы раст рагътæй лæууыдысты рæсугъд бæлæстæ. Фæлæ - æрбайсæфтысты. Æмæ ныр кæм задысты, уыцы фæзуæтттæ хур судзы. Бæлæстæ кæй акалдтой, уый специалисттæ æмбарын кæнынц афтæ - зайæгойтæ хус кæй уыдысты, уымæ гæсгæ сын æркæлынæй тæссаг уыд. Уый та фыдбылызтæм расайдзæн. Иу ныхасæй æмбæлгæ специалисттæ тыхсынц адæмы æдасдзинадыл. Калд ма æрцыдысты дзæбæх зайæгойтæ дæр. Экологтæ куыд зæгъынц, афтæмæй бæлæстæ цы туаггуыр дæттынц, уый уæлдæф хъæздыг кæны. Бæлæстæ æмбырд кæнынц промышленнон куыстуæттæй æмæ автотранспорт цы æвзæр буаргъæдтæ уадзынц, уыдон. Ис ма иу ахъуыдыйаг фиппаинаг - республикæйы хæхтæ бирæ ис æмæ уæлдæфы зилдух куыд æмбæлы, афтæ йæ нæ уадзынц. Уый тыххæй бæлæсты цæгъдын хорз нæу. Æвзæрырдæм фæзыны æрдзы хъæздыгдзинадыл дæр. Сыгъдæгдзинады домæнтæн дзуаппдæтæг специалисттæ зæгъынц: ныртæккæ бæлæстæм куыд зилынц, чъырæй сæ куыд цæгъдынц æмæ сæ куыд акъуырынц, уый зайæгойтыл хуыздæрырдæм фæзыны. Кæд æмæ бæлæс сдзæбæхгæнæн нал ис, уæд та специалисттæ рахæссынц уынаффæ ног бæлæстæ ныссадзын. Фæндæгты хæдзарады комитет йæ куыст аразы ахадгæ куыл уа, афтæ. Фыццаджыдæр кусынц фæндæгты æдасдзинадыл. Сæ фыццаг хæс у фæндæгты уæлцъар нормативон домæнтæм гæсгæ скæнын. Ныртæккæ цалцæг кæнынц нæ республикæйы 5 фæндаджы. Экологтæ се ппæтмæ сидынц æрдзмæ хуыздæр цæст куыд дарой. Уæвгæ йæ алчидæр зоны - бæлас дæсгай азты зайы, акалæн та йæ иу минутмæ ис. Фæндаггон службæты кусджытæ зæгъынц: фæндагмæ 9 метрæй хæстæгдæр чи зайы, уыцы бæлæстæ хъæуы акалын. Фæлæ ацы фарстамæ иу цæстæнгас нæй. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv

Название:

Бæлæстыл ныхас

Категория:

Новости и СМИ