Бæлцæттæ гæртам дæттынц арæнхъахъхъæнджытæн

2 тыс. подписчиков

12+
12+

4 просмотра

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

4 просмотра

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

4 просмотра

7 лет назад

Сæрдыгон, дам, адæм иууылдæр улæфынмæ ныггуылф кæнынц. Афтæмæй, фылдæр куыст фæзыны арæнхъахъхъæнджытæн. Гуырдзыстонмæ фæндагыл, контролон-уадзæн пункт Уæллаг Ларсы сæрты ахизын бæлцæттæн сæ фылдæрæн фыдæвзарæн у. Хæдтулгæтæ ныххал вæййынц. Уæдæ адæм дæр афтæ. Уыимæ ма ардз дæр бартхъирæнтæ кæны. Æмæ кæд Уæллаг Ларс кусы фæткмæ гæсгæ, уæддæр бæлцæтты `хсæн разыны ахæмтæ, арæнхъахъхъæнджыты къухты æхца чи фæкæны, се `ппæтæй фæраздæр уон, зæгъгæ. Ома, рады фæлæууыны бæсты, фæлтау кусæгæн гæртам авæр æмæ уæгъд дæ. Фæлæ хъуыды дæр нæ кæнынц, арæны нæ, фæлæ закъоны сæрты кæй хизынц. Уæрæсейы Федерацийы Уголовон Кодексы 291-æм статьямæ гæсгæ, гæртам райсыны тыххæй, барадон кусджыты уголовон æгъдауæй æфхæрд `ййафынц. Афтæмæй, арæнхъахъхъæнджыты разамынды бæрæггæнæнтæм гæсгæ, ацы азы райдианæй, рабæрæг кодтой 60 ахæм закъонхæлды. Гæртам раттынмæ куы хъавыдысты, уæд. Куы йæ анымайæм, уæд æхцайæ - 100 мин сомæй фылдæр у. Ахæм цауты фæдыл, арæнхъахъæнджытæ сидынц адæммæ, цæмæй æнæсæрфат митæ ма кæной. Æмæ, дам, кæд уæхæдæг ахæм хъуыддагæн æвдисæн систут, уæд уый тыххæй фæхабар кæнын хъæуы æмбæлгæ ведомствотæм. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Бæлцæттæ гæртам дæттынц арæнхъахъхъæнджытæн

Категория:

Новости и СМИ