Фыдбылызæй уæхи хизут!
Боныхъæды аххосæй Дзæуджыхъæуы фæндаггон фыдбылызты нымæц фæфылдæр. Уый та уымæн, æмæ бирæ шофыртæ сæ машинæты сæрдыгон цæлхытæ зымæгæттыл нæма баивтой. Иуæй иутæ сæ æдасдзинадмæ куыд фæндыйы цæстæй цæмæн кæсынц, уый базыдта не`сыæлдыстадон къорд. Цæлхытæ ивæн куыстуæтты сæумæрайсом тынг бирæ адæм. Фыццаг уазæлттимæ хæдтулгæты шофыртæ рады лæуынц сæ цæлхытæ зымæгæттыл баивынмæ. Бырынцъаг кæй у, уымæ гæсгæ фæндаггон фыдбылызтæ дæр æрцыд. Зæгъæм, знон Чкаловы номыл уынджы цы хид ис, уым 10 машинæйы кæрæдзийы скъуырдтой. Самвел Абкодыров цæлхытæ ивæгæй 16 азы кусы. Куыд зæгъы афтæмæй йæ хæдтулгæйы сæрдыгон цæлхытæ зымæггæтæй афоныл чи баивы, ахæм шофырты нымæц азæй азмæ фылдæр кæны. Самвел Абкодыров: «Хæдтулгæты цæлхытæ ивынц райдайынц ноябры. Бирæтæ цæ уымæй раздæр дæр балхæнынц æмæ сæ хæдзары бафснайынц. Кæцыдæр шофыртæ та мит æруарынмæ фенхъæлмæ кæсынц. Суанг сын февралмæ дæр æнæ ивдæй баззайынц». Бирæ шофыртæн сæ дзып нæ амоны зымæгон цæлхытæ балхæнынмæ, уымæ гæсгæ фæцæуынц сæрдыгæттыл. Сæрмагонд дуканиты æлхæнджытæ бирæ не `сты. Арæхдæр раздæр пайда кæмæй кодтой, ахæмтæ балхæнынц. Уыдон асламдæр сты. Хæдтулгæты хицæуттæ куыд зæгъынц, афтæмæй Ирыстоны боныхъæдмæ гæсгæ дæрдджын цæлхытæ дæр бæззынц. Кæцыдæр бæстæты афæдзы афонтæм гæсгæ машинæты хицæуттæ сæ цæлхытæ куы нæ дарой, уæд сæ ивар кæнынц. Паддзахадон автоинспекций куыд зæгъынц, афтæмæй Уæрæсейы ахæм закъон нæй. Инспектортæн сæ бон у æрмæст профилактикон ныхас кæнын шофыртимæ. Бамбарын сын кæнынц цæмæй сæ цæлхытæ мит æруарыны размæ баивой. РЦИ-Аланийы паддзахадон автоинспекцийы разамынды хицау Хуадонты Айвар: «Мах шофыртæн бамбарын кæнæм цæмæй сæ цæлхытæ рæстæгыл ивой. Абон-райсом кæнынц. Æмæ йæ уæхæдæг федтат цы фæстиуджытæм расайдта уый. Фæндаггон фыдбылызты нымæц фæфылдæр. Шофыртæ сæ цæлхытæ кæй нæ раивынц, уый тыххæй сæ мах бон ивар кæнын нæу. Ахæм закъон нæй Уæрæсейы». Фæндаджы æдасдзинадмæ хъуамæ фæндаггон службæтæ дæр сæ цæст дарой. Закъонмæ гæсгæ горæты уынгтæ хъуамæ 4 сахаты æмгъуыдмæ бафснайой. Соса фæндагыл бырынцъаджы ныхмæ мадзæлттæн та ис æрмæстдæр 4 сахаты. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Фыдбылызæй уæхи хизут!
Категория:
Новости и СМИ