Газель фæндаггон фыдбылызы кæй бахауд, уый аххосæй хъыгдæрд баййæфтой дыууæ адæймаджы
Бæлцæттæ ласæн Газель фæндаггон фыдбылызы кæй бахауд, уый аххосæй хъыгдæрд баййæфтой дыууæ адæймаджы. Бæлцæттæ ласæн Газель фæндаггон фыдбылызы кæй бахауд, уый аххосæй хъыгдæрд баййæфтой дыууæ адæймаджы. Фыдбылыз æрцыд абон райсомæй Доны стацæйы `рдыгæй. Рагагъоммæйы бæрæггæнæнтæм гæсгæ, микроавтобус зылд æрлæууæнмæ æмæ йæ фæсте скъуырдта фæсарæйнаг рог хæдтулгæ. Цæфæй маршруткæ йæ фарсыл æрхуыссыд. Хъыгдæрд дзы баййæфтой дыууæ бæлццоны. Фæхæццæ сæ кодтой Республикон клинокон рынчындонмæ. Фæсарæйнаг хæдтулгæйы хъыгдæрд ничи баййæфта. Иу уæззау фæндаггон фыдбылыз ма æрцыд Дзæуджыхъæуы знон изæры. Уæззæутæ ласæн хæдтулгæ цыд Ирыстойнаг уынгыл. Шофыр тагъд кæй скъæрдта, уымæ гæсгæ нæ сарæхст æмæ ныхмæцæуæн фарсмæ рахызт. Камаз ныхæй-ныхмæ сцафта рог хæдтулгæйы. Уый фæстæ дыууæ хæдтулгæйы дæр сæхи скъуырдтой «Волгайыл». Фæндаггон фыдбылызы бынаты фæмард «Chevrolet»-ы 35-аздзыд бæлццон. Шофыр фæстæдæр амард рынчындоны.Иннæ æртæ архайæджы фæхæццæ кодтой медицинон уагдонмæ. Уый тыххæй хъусын кæнынц республикæйы Мидхъуыддæгты министрадæй.Рагагъоммæйы бæрæггæнæнтæм гæсгæ, микроавтобус зылд æрлæууæнмæ æмæ йæ фæсте скъуырдта фæсарæйнаг рог хæдтулгæ. Цæфæй маршруткæ йæ фарсыл æрхуыссыд. Хъыгдæрд дзы баййæфтой дыууæ бæлццоны. Фæхæццæ сæ кодтой Республикон клинокон рынчындонмæ. Фæсарæйнаг хæдтулгæйы хъыгдæрд ничи баййæфта. Иу уæззау фæндаггон фыдбылыз ма æрцыд Дзæуджыхъæуы знон изæры. Уæззæутæ ласæн хæдтулгæ цыд Ирыстойнаг уынгыл. Шофыр тагъд кæй скъæрдта, уымæ гæсгæ нæ сарæхст æмæ ныхмæцæуæн фарсмæ рахызт. Камаз ныхæй-ныхмæ сцафта рог хæдтулгæйы. Уый фæстæ дыууæ хæдтулгæйы дæр сæхи скъуырдтой «Волгайыл». Фæндаггон фыдбылызы бынаты фæмард «Chevrolet»-ы 35-аздзыд бæлццон. Шофыр фæстæдæр амард рынчындоны.Иннæ æртæ архайæджы фæхæццæ кодтой медицинон уагдонмæ. Уый тыххæй хъусын кæнынц республикæйы Мидхъуыддæгты министрадæй. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Газель фæндаггон фыдбылызы кæй бахауд, уый аххосæй хъыгдæрд баййæфтой дыууæ адæймаджы
Категория:
Новости и СМИ