Хуссар Ирыстоны парламент цæттæ кæны курдиат Уæрæсейы Федерацийы минæвæрттæм

2 тыс. подписчиков

12+
12+

3 просмотра

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

3 просмотра

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

3 просмотра

7 лет назад

Хуссар Ирыстоны парламенты уæнгтæ бахастой курдиат Уæрæсейы Федерацийы Советмæ, Паддзахадон думæмæ æмæ президентмæ, цæмæй Гуырдзыстоны æмæ Хуссар Иуыстоны`хсæн 1920 азæй нырмæ цы æвирхъау цаутæ цыд, уый геноцидыл банымайой. Ахæм хъæппæрисы фарс официалон æгъдауæй рахæцыдысты депутаттæ. Парламенты спикер Тадтаты Алан куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй уыцы гæххæтт у уæлдай ахсджиаг. Эксперттимæ ма йыл бакусдзысты æмæ йæ арвитдзысты Уæрæсейы минæвæрттæм. Куыд дзы фыст ис, афтæмæй Гуырдзыстон Хуссар Ирыстоны ныхмæ куы слæууыд, уæд адæм сæ бартæ закъоны бындурыл кæй хъахъхъæдтой, уый. Фарста депутатты рæгъмæ рахаста Парламенты национ политикæ, культурæ, дин æмæ джыллон информацион фæрæзты комитеты сæрдар Дьякъонты Амыран. Историон цаутæ куы æрхъуыды кæнæм, уæд Гуырдзыстоны националистты бабырсты тыххæй 1920 азы фæмард 5 мины æмæ 279 адæймаджы. 1 мин æмæ 844 дзы уыдысты сывæллæттæ. Алыхуызон аххосæгты тыххæй ма стæй йæ цардæй ахицæн сты 15 мин адæймаджы. Æдыппæтæй геноцид куы уыди, уæд фæмард 21 мин адæймаджы. Раздæр ма уын куыд хъусын кодтам, афтæмæй Уæрæсейы президент Владимир Путин йæхæдæг дæр Хуссар Ирыстоны æмæ Абхазийы цытæ æрцыди, уый схуыдта геноцид. 2020-æм азы Хуссар Ирыстоны сбæрæг кæндзысты Ирыстоны цæрджыты геноциды 100 аз. Хицауад сфидар кодта сæрмагонд къамис. Уый уыцы бонмæ хъуамæ снысан кæна цы мадзæлттæ сараздзысты, уый пълан. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Хуссар Ирыстоны парламент цæттæ кæны курдиат Уæрæсейы Федерацийы минæвæрттæм

Категория:

Новости и СМИ