Лæвар ахуыртæ йæ бон кæмæн уыдзæн ацæуын, уыцы сылгоймæгты номхыгъд фæуæрæхдæр уыдзæн

2 тыс. подписчиков

12+
12+

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

7 лет назад

Лæвар ахуыртæ йæ бон кæмæн уыдзæн ацæуын, уыцы сылгоймæгты номхыгъд фæуæрæхдæр уыдзæн. Уый тыххæй хъусын кæны фæллой æмæ социалон хъахъæхъхъæныны министрад. Æхцайы фæрæзтæ рахай кæндзысты федералон бюджетæй, хъуыддагыл та бакусдзæн Куыст дæттыны комитет. Фæллой æмæ социалон хъахъæхъхъæныны министр Максим Топилины ныхæстæм гæсгæ, ахуыртæм æрвитдзысты йæ сывæллонмæ 3 азы онг чи кæсы, ахæм сылгоймæгты. Уый фæстæ министрады рахастой уынаффæ скъолайы агъоммæ кары сывæллæттæ кæмæн ис уыдоны дæр хыгъдмæ бахæссын. Ахуыртæ цæудзысты æхсæз мæйы. Сæ рæстæмбис аргъ уыдзæн 46-48 мин сомы. Программæ фадат ратдзæн сылгоймæгтæн сæ дæсныйады æмвæзад фæуæлдæр кæнын, уыимæ раздæры куысты бынатмæ рацæуын. Ног зонындзинæдты руаджы сывæллæттæм чи кæсы уыцы ныййарджытæн бар уыдзæн равзарын хъæугæ дæсныйад. Уыимæ йын уыдзæн сывæллæтты хъомыл кæныны фадат дæр. 2019 азы национ проекты фæлгæты Цæгат Ирыстоны ахуыртæ ацæудзæн 40 сылгоймаджы. Уыдон иууылдæр сты сывæллæттæм чи кæсы, ахæм ныййарджытæ. 2020 азы куыстдæттæн комитеты хъусынгæнинагмæ гæсгæ ахуыргæнинæгты нымæц схиздзæн 135 адæймагмæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Лæвар ахуыртæ йæ бон кæмæн уыдзæн ацæуын, уыцы сылгоймæгты номхыгъд фæуæрæхдæр уыдзæн

Категория:

Новости и СМИ