Мызуры 18-æм бирæфатерон хæдзар тынг бахъыгдæрдта тæрккъæвда
Мызуры 18-æм бирæфатерон хæдзар тынг бахъыгдæрдта тæрккъæвда
Мызуры бирæфатерон хæдзæрттæй иу кæлæддзагыл банымадтой 2020-æм азы. Æрæджы та тыхджын къæвдаты аххосæй ныппырх хæдзары сæр æмæ дон фатертæм ныккалд. Цæрджытæ фарстайыл архайынц, фæлæ уавæр хорзырдæм аивын нырмӕ дæр нæ бантыст. Цæрджытимæ фембæлд Мызуры сæргълæууæджы хæдивæг. Цавæр хатдзгтæм æрцыдысты - уый нæ дарддæры æрмæджы. Тæрккъæвдайы фæстиуджытæ Бекъойты Аллæйы фатерыл фӕзындысты æххӕстӕй. Тыхджын дымгæ бахъыгдæрдта хæдзары сæр. Уынджы куыд уарыд, афтæ мидæгæй дæр, зæгъы сылгоймаг. Дон ӕ'ппæт агъуыстыты дæр уыд фатхъултӕм. Тастæ æмæ ведратæ нал фаг кодтой. Дон бахъыгдæрдта цар, къултæ, хъæдзары дзауматæ. Боныхъæд бахъыгдæрдта Мызуры 18-æм корпусы фатертæ се 'ппæт дæр. Цыма цалцæггонд дӕр нæ уыдысты, ахæм уавæры сты ныртæккæ. Уæдæ сæ хæдзары дзауматæ дæр бирæтæн нал кусынц. 3-æм уæладзыгæй дон ныккал суанг фыццаг уæладзыджы фатертæм. Æмӕ ам канд иу лыккæнинаг фарста нæй. Инженерон хызæгтæ дæр базæронд сты æмæ сты заууат уавæры. Ивгъуыд æнусы 50-æм азты арæзт хæдзар фæстаг хатт цалцæггонд уыд 1979-æм азы. 2020-æм азы та ацы барæуæладзыгон хæдзар банымадтой кæлæддзагыл. Уый тыххæй йæ бындурон цалцæджы программæмæ бахæссæн нæй. Цæрджытæ сæ зæрдæ дарынц рæстæйгмæйы цалцæгыл. Уый та хъуамæ бакæной муниципалитеты хардзæй. Æхцайы фæрæзты бæрц у 370 мин сомы. Фæрæзтæй ма сцалцæг кæндзысты, 18 хæдзарӕй уӕлдай, 19 æмæ 20 хæдзæртты сæртæ дæр.