Тускъаты Таймураз фембæлд Донецкы адæмон республикæйы «Аланийы æмбæстæгты иугонд»-ы разамынды сæрдар
Тускъаты Таймураз фембæлд Донецкы адæмон республикæйы «Аланийы æмбæстæгты иугонд»-ы разамынды сæрдар Бæззаты Еленæимæ. Кæд Донецкы райгуырд æмæ схъомыл, уæддæр йæ фыдæлты зæххыл кæддæриддæр æнувыд у. Ныртæккæ ис Донецкы ирон диаспорæйы сæргъы дæр. Республикæйы закъонæвæрæг оргæны разамонæг ын раарфæ кодта, бархионты архайдмæ цы егъау æвæрæн хæссы, уый тыххæй.