Фæллойы ветераныл цæуы 98 азы
Фыдæбон куы кæнай æнæниз дæр уæд уыдзынæ- ахæм хъуыдыйыл хæст у Михайловскæйы цæрæг Томайты Заретæ. Сылгоймаг тагъд ахиздзæн йæ сæдæ азы сæрты. Кæд царды бирæ зындзинæдтæ бавзæрста, уæддæр у зæрдæхæлар æмæ зондамонæг хистæр. Томайты Заретæйыл цæуы 98 азы. Йæ царды фæндаг у цымыдисаг æмæ алыхуызон цаутæй хъæздыг. Райгуырд 1921 азы, Зджыды. Стыр бинонтæ уыдысты. Заретæйы мад æмæ фыд хъомыл кодтой цыппар фырты æмæ æртæ чызджы. Томайты бинонтæн хъæуы стыр аргъ кодтой. Куыстой сæ къухтæ æнæруадзгæйæ. Иунæгдæр сæ æгуыстæй хъуамæ ма уыдаит. Сылгоймаг уæд бауарзта фыдæбон кæнын. Кæд ыл ныр къорд азы цæуы, уæддæр йæ бон райдайы сæумæрайсом. Йæхи алыхуызон куыстытыл фæирхæфсы. Фылдæр уарзы быйын. Томайты Заретæ астæуккаг скъола каст куы фæцис уæд æм фидæнмæ бæргæ бирæ бæллицтæ уыд. Фæнд кодта дæсныйад райсын. Фæлæ хъыгагæн райдыдта Фыдыбæстæйы стыр хæст. 18 аздзыдæй йæ рыййæфта. Стырæй - чысылæй сæ уæд акодтой акъоппытæ къахынмæ. Хæсты цаутæ йын йæ зæрдæйы стыр хъæдгом ныууагътой. Тохы быдырæй нал сыздæхдысты йæ цыппар æфсымæры. Хæсты фæстæ Заретæ смой кодта Хуыбаты мыггагмæ. Йæ цардæмбалимæ фæцардысты 40 азæй фылдæр. Фæлæ йын хъысмæт ныййарæг суæвын йæ цæст нæ бауарзта. Ныртæккæ Заретæ цæры йæ хойы чызгмæ. Кæд раздæрау сæрæн нал у æмæ йе нæниздзинад фæцудыдта, уæддæр бинонтæн у уарзон. Заретæ йæ зæронд амонджыныл нымайы. Кæд йæхицæн цот нæй уæддæр ын Саламанты Ларисæйы бинонтæ зæрдиагæй лæггад кæнынц. Æмкъард кæнын æй нæ уадзынц. Цалынмæ кæстæртæн Томаты Заретæйы хуызæн хистæртæ уа, уæдмæ сын фæрæдийынæй тæссаг нæу. Уыдон фæсивæдæн сты дæнцæг. Царды зындзинæдтæ цас ис, уый бæрц дзы ис циндзинæдтæ дæр. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Фæллойы ветераныл цæуы 98 азы
Категория:
Новости и СМИ