Дзанайты Барис архайдта цæрджыты Æппæтуæрæсеон рафысты фарстаты фæдыл хицауады къамисы æмбырды
Цæгат Ирыстоны премьер Дзанайты Барис архайдта цæрджыты Æппæтуæрæсеон рафысты фарстаты фæдыл Уæрæсейы хицауады къамисы æмбырды. Видеобастдзинады фӕрцы йæ амыдта фыццаг вице-премьер Андрей Белоусов. Федералон статистикæйы паддзахадон службæйы бæрæггæнæнтæм гæсгæ, ныридæгæн рафысты бацархайдта нæ бæстæйы цæрджыты фылдæр хай. Уыдонæн сæ цыппæрӕм хай — онлайн хуызы. Уый фæдыл онлайн-рафыст адарддæр кодтой 14-æм ноябры онг. Уæрæсейы хицауады сæрдары фыццаг хæдивæг куыд фæнысан кодта, афтæмæй ацы хъуыддаджы ис спайда кæнæн Паддзахадон лæггæдты порталæй дæр. Уый арæзт у цæрджыты æнцойадӕн. Рафыстæн Цæгат Ирыстоны бацæттæ кодтой хъæугæ нормативон барадон бындур. Цæстдарджытæ ацыдысты сæрмагонд ахуыртæ æмæ сæм ис хъæугæ техникон æрмæг. Æххуыс кæнынц бархионтæ дæр — сты 100 адæймагæй фылдæр. Республикæйы, Федералон статистикæйы паддзахадон службæйы бæрæггæнæнтæм гæсгæ, Цæгат Ирыстоны ис 690 мин цæрæджы бæрц. Республикæйӕ ныридæгæн рафысты бацархайдтой 436 мин адæймаджы. Уыдонæй 59 мины спайда кодтой паддзахадон лæггæдты порталæй. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv