Дагестаны 35 адæймаджы фæмард артаджы станцæйы срæмыгъд рæстæг
Дагестаны дарддæр иуварс кæнынц фыдбылызы фæстиуджытæ. Дысон æхсæвы Махачкалайы кæрон артаджы станцæйы æрцыд зынгсирвæзт, фæстæдæр та срæмыгъд. Фæмард дзы 35 адæймаджы, хъыгдæр дзы баййæфтой 100-йæ фылдæр. Бæстæйы Æнæнхъæлæджы уавæрты ведомствойы разамонæг Александр КуренкОв куыд бабар кодта, афтæмæй министрады сæрмагонд борт Ил-76 ратахт аэропорт ЖукОвскийæ хъыгдæрдбаййафджыты эвакуацийы тыххæй. Дагестаны сæргълæууæг Сергей Меликов куыд загъта, афтæмæй æнæнхъæлæджы цауы аххосæгтæ бæрæг кæнынц бæрнон кусджытæ. Куыд ма фæнысан кодта, афтæмæй æвæстиаты службæты архайды руаджы срæмыгъды фæстæ бантыст артагимæ иннæ резервуартæ бахъахъхъæнын. 15 август Дагестаны банымадтой саударæн боныл. Фыдбылызы чи фæмард, уыдоны бинонтæн тæфæрфæс ракодта Сергей Меняйло дæр. Мах стæм Дагестаны адæмы фарсмæ, цæттæ стæм алывæрсыг æххуыс бакæнынмæ, ныффыста йæ телеграмм каналы Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг.