Бырондæтты ныхмæ
4 милуан сомы радих кæндзысты цæмæй Дзæуджыхъæуы цы бырондæттæ фæзынди, уыдон аиуварс кæной. Ахæм уынаффæ рахастой Дзæуджыхъæуы думæйы депутаттæ. Хъæугæ ивддзинæдтæ бахастой горæты бюджетмæ дæр. Фарстайыл ныхас кодтой сæрмагонд æмбырды. Администрацийы финансон разамынды хицау Цокоты Хъазыбег куыд загъта, афтæмæй ацы хъуыддаг горæты уæлдай æркæсинаг у. Бырондæттæ алы къуыри дæр фылдæрæй фылдæр кæнынц. Цæмæй фæстиуджытæ аиуварс кæной, уый тыххæй ацы аз уæлæмхасæн фæрæзтæй радих кæндзысты 2 милуан сомы Рахизфарсы, иннæ 2 милуаны та Галиуфарсы префектурæтæн. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Бырондæтты ныхмæ
Категория:
Новости и СМИ