Хъармдæттæг компани «Альянс» йæ кусджытæй дары 500 мин сомы чысыл цухæй
500 милуан сомы хæс дары компани «Альянс» йæ кусджыты раз. Хъармдæттæг куыстуаты специалисттæ 4 мæйы дæргъы мызд сæ цæсты кæронæй дæр нæ федтой. Дыууæ азы архайды фæстæ организаци йæ куыст баурæдта. Кусджытæ бахъаст кодтой Алагиры районы прокуратурæмæ. Тæрхондоны уынаффæмæ гæсгæ компани «Альянс» хъуамæ йæ хæстæ бафида, фæлæ адæм нырма ницыма райстой. Пъырыстыфтæм дæр бахатыдыстæм цалдæр хатты. Ныртæккæ сæм балæвæрдтам курдиат, цæмæй нын фыстæджы хуызы фехъусын кæной, хъуыддаг куыд цæуы, уый. Æнхъæлмæ кæсæм. Рæстудæй фӕкуыстам æмæ нæ фæнды, цы бакуыстам, уый нын цæмæй радтой. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv