Горæтгæрон районы фермерон хæдзарæдты тыллæг æмбырд кæнынц

2 тыс. подписчиков

12+
12+

5 просмотров

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

5 просмотров

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

5 просмотров

5 лет назад

Республикæйы быдырты фæззыгон куыстытæ кæронмæ 'рхæццæ кæнынц. Сæ тыллæг æфснайынц Горæтгæрон районы фермерон хæдзарæдтæ дæр. Ацы аз хъæууон хæдзарады кусджытæ иу гектарæй систой 7 тоннæйы бæрц нартхор. Сæ бон хуры скастимæ райдайы хъæууон-хæдзарадон кооператив «АЛАНИЯ-АГРО»-йы кусджытæн дæр. Цалынмæ зæхх нæ ныссалд, уæдмæ хъæуы тыллæг бафснайын. Ацы аз ныссагътой ног культурæтæ. Куыстытæ куыд цæуынц, уый фенынмæ Тарскæмæ араст не сфæлдыстадон къорд. Горæтгæрон районы быдырты иу техникæ иннæйы ивы. Хорæфснайæн комбайнты бæсты кусынмæ бавнæлдтой нартхоркæрдæн машинӕтӕ. Боны цъæхтӕй суанг изæрдалынгтæм зæххкуысджытæ фæллой кæнынц. Сæ размӕ цы хæстæ сæвæрдтой, уыдон еъау сты æмæ, цæмæй къухы бафтой, уый тыххæй пайда кæнынц нырыккон технологитæй. Фæлæ уæддæр хъæууон хæдзарады куысты сæйрагдæр у зæххкусæджы хъару. Хуриты Ибрагим хъæууон хæдзарады фæллой кæны йæ лæппуйæ фæстæмæ. «фыдæбонæй хъуамæ ма тæрсай», - зæгъы. Алы куыст дæр у сæрмæхæссинаг. Ныртæккæ цы комбайныл бады, уый иу цыдмæ кæрды аст рæнхъы. Нартхæрттæ уыцы иу рæстæг згъалгӕ дæр кæны. Афтæмæй æрæмбырд кæны сыгъдæг, сызгъæрин гагатæ. Зæхкусджыты ныхæстæм гæсгæ, нартхор æфснайынæн ис сæрмагонд æмгъуыд, æмæ дзы куы фæиппæрд уай, уæд тыллæг зынгæ фæкъаддæр вæййы. Афтæ рауад ацы аз дæр. Боныхъæды тыххæй фæкъуылымпы сты. Ныр хъæуы фæтагъд кæнын, науæд сæ уазæлттæ æрӕййафдзысты. Уæдæ мæнæу æфснайыныл дæр, хъæууон хæдзарадон кооперативы кусджыты ныхæстæм гæсгæ, бирæ рæстæг ацыд. Уымæй уæлдай, ацы аз байтыдтой, раздæр сæм чы нæ зади, ахæм культурæ дæр. Æдæппæтæй Горæтгæрон районы хуымгæндты фæзуат у 20 мин гектары. Ам зайы фæззыгæндтæ, холладжы культурæтæ, бирæазон зайæгойтæ, картоф. Фæлæ зӕххы фылдæр хай ахсы нартхор. Æрвылаз бацахсы 15 мин гектары. Хæстæгдæр бонты нартхор æфснайд фæуыдзæн. Хурмæзилæг æмæ мæнæу та пайдаджын кæй рауадысты, уый фæдыл сын сæ фæзуат иннæ аз фæнд кæнынц фæфылдæр кæнын. Уæдæ алыхуызон культурæтæ тауын зæххæн дæр пайда у — тыллæджы нымæц зынгæ фылдæр вæййы. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv