Велосипедыл барджытæ сарæх сты
Велосипедыл цæуынæн хъæуы бардæттæг гæххæт райсын. Ахæм хъæппæрис æрæджы бахастой Уæрæсейы Паддзахадон Думæмæ. Бæрнон адæмы хъуыдымæ гæсгæ адæймаг фыццаджыдæр хъуамæ радта фæлварæн. Йæ велосипед та пъæлицæйæгты хайады срегистраци кæна. Уыцы ногдзинæдтæн велосепидисттæ цы дзуапп дæттынц? Ралæууыд сæрд, уыимæ сарæх сты велосипедистæ дæр. Дзæуджыхъæуы уынгтыл сæ æфсæйнаг дыкъахыг бæхтыл дугъ кæнынц. Бирæтæ иу уысммæ дæр саргъ не суæгъд кæнынц, афтæ уарзон сын у. Фæлæ бирæтæ хъуыды дæр нæ акæнынц, велосипедыл сбадгæйæ шофыртæ кæй свæййынц. Уымæ гæсгæ хъуамæ, æнæмæнг, фæндаггонд змæлды æгъдау æххæст кæной æмæ йæ ма халой. Фæлæ сæ хорз кæй зонынц. уый та дызæржыггаг фарста у. «Ацы азы фондз мæймæ велоспедыл цы сывæллæттæ фæцæуынц, уыдоны аххосæй дыууæ фæндаггон фыдбылызы æрцыд. Сывæллæттæ алыхуызон цæфтæ райстой. Хъыгагæн, бирæтæ фæндаггон æгъдаумæ кæсынц куыдфæндыйы цæстæй, не`ххæст кæнынц фæндагыл цæуыны домæнтæ. Уыимæ куыд шофыртæ, афтæ иннæтæ дæр», — РЦИ-Аланийы фæндаггон змæлды æдасдзинады инспектор Баскаты Лаурæ. Фæндагыл велосипедыл чи цæуы, уыдон цавæр фæтк хъуамæ æххæст кæной, уый фыст ис фæндаггон змæлды æгъдаутты æмбырдгонды. Куыд фыст дзы ис, афтæмæй фелосипедисттæн радих кæнынц фæндаджы сæрмагонд хай. Куыд æппæт шофыртæ. афтæ сæ хъæуы бахъуыды кæнын. Зæгъæм, базилыны размæ хъуамæ пайда кæной сæрмагонд рухсæй нысæнттæй, сæ фылдæрмæ уыдон дæр не сты æмæ кæрæдзимæ къухæй амонын райдайынц. Рахиз къух сисиай, уæд зилыс рахизырдæм, галиу къух-уæд та галиуырдæм. Зæрдыл дарын хъæуы уый, æмæ къух рахацау кæй хъæуы сисын кæй хъæуы. Æрæджы Паддзахадон Думæмæ бахастой фæндон велосипедисттæм фæндæгтыл цæуынæн, æнæмæнг, бардæттæг гæххæттытæ куыд уа. Хъæппæрисджын къорды уæнгты хъудымæ гæсгæ ахæм ногдзинад фæндагыл æдасдзинадæн хъуамæ фæахъаз уа. Дзырдæн зæгъæм, Германийы велосипедыл сбадыны размæ скъоладзаутæ скъолайы радтынц сæрмагонд фæлварæн. Æвæццæгæн, фæсарæйнаг бæстæты бафæзмын дæр хъæуы. Уæрæсейы велосипедисттæ та фæндаггон фæтк кæй халынц, уый шофыртæ хорз зонынц æмæ зæрдæмæ нæ цæуы. «Фæндид мæ, цæмæй фæндагыл цæуыны æгъдаумæ куыд фæндыйы цæстæй ма кæсой. Фæндагыл велосипедисттæн сæрмагонд нысæнттæ нæй. Нæ фæндæгтæ æнæуидæр нарæг сты, уымæ гæсгæ велосипедтæ шофыртæн къуылымпыйы хос сты. Фæнды мæ цæмæй сын фæзына æмбæлгæ бынæттæ, сæ бон тезгъо кæнын кæм уа, ахæмтæ», — Гæбуаты Артур. Велосипедисттæ фистæгцæуджыты дæр арæх тыхсын кæнынц. Фарста - ныр велосипедтыл дугъ кæныны чи уарзы, уыдон цы фæуой, куыд кæной? Сæ дыууæцалхон æфсæйнаг бæхтыл кæм дугъ кæной?! Нæ горæты сын сæрмагонд фæндæгтæ чи бацамондзæн? Кæм сты? Афтæ рауад æмæ домæнтæ ис, уавæртæ та нæй. «Махмæ хъыгагæн нæ`мбарынц велосипедыл фæндагыл куыд хъæуы цæуын, уый», — Бирæгъты Алан. Дунейы цæрджытæй сæ машинæтæ велосипедтыл бирæтæ баивтой. Скæнынц æмбæлгæ гæххæттытæ. Паддазахад та сын фæндæгтыл æмбæлгæ уавæртæ саразы. Цæгат Ирыстоны экологон æгъдауæй сыгъдæг транспортыл нырма нæ сахуыр сты. Арæхдæр дзы пайда кæнынц æнæниз цардыуаг чи æххæст кæны, уыдон æмæ спортсментæ. Дзæуджыхъæуы администрацийы куыд æмбарын кæнынц, афтæмæй, велосипедисттæн фæндæгтæ аразыны разæй сæм æндæр ахсджиаг æмæ лыггæнинаг фарстатæ ис. Уæдмæ та уал велосипедисттæн æндæр гæнæн нæй æмæ Цæгат Ирыстоны фæсарæйнаг диссæгтæ кæд фæзындзысты, уымæ æнхъæлмæ кæсдзысты. Уæд сын бар уыдзæн фæндæгтыл æнæзæрдæхудтæй цæуын. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Велосипедыл барджытæ сарæх сты
Категория:
Новости и СМИ