Разамынддæттæг куыстуæттæ цæттæ кæнынц фæззыгон зымæгон рæстæгмæ цæттæдзинады паспорттæ

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

1 просмотр

5 лет назад

Зымæгон рæстæгмæ цæттæгæнæн мадзæлттæ Дзæуджыхъæуы дарддæр æххæст кæнынц. Разамынддæттæг компанитæ æмæ цӕрджыты ӕмхӕларӕдтӕ (ТСЖ) хъуамæ администрацимæ бадæттой цæттæдзинады паспорттæ. Кырджалийская уынджы 13-æм хæдзары зымæгмæ цæттæ сты. Кырджалийская уынджы 13-æм хæдзар у 35 азы размæ арæзт. Сырхауты Георгий у, фыццаг дзы чи 'рцард, уыдонæй иу. Куыд зæгъы, афтæмæй дзы цардысты ахуыргæнджытæ æмæ дохтыртæ. Цалынмæ хæдзарӕн цӕрджыты ӕмхӕларад нæ райдыдта лæггад кæнын, уæдмæ-иу æм базылдысты сæхæдæг. Хæдзары цæрджытæм ис раппæлинаг миниуæг. Коммуналон лæггæдтæн фидынц æрвылмæй. Тагъд райдайдзæн хъармгæнæн рæстæг. Цæттæдзинады паспорт горæты администрацимæ афойнадыл кæй балæвæрдтой, уый фæрцы зымæджы зындзинæдтимæ нæ сæмбæлдзысты. Московская уынджы хæдзæрттæй иу та æрæджы банымадтой дæнцæгæн хæссинагыл. Ам ис 200 цæрæджы. Хæдзар у ног. Фатерты кæд хицӕн хъармгӕнӕн агтӕ ис, уæддæр фæззыгон-зымæгон афонмæ сæхи цæттæ кæнынц. Цæмæй зымæгон рæстæг хъармгæнæн системæ дзæбæх куса, уый тыххæй йæм цæттæ кæнын райдайынц рагацау. Æппæт куыстыты фæстæ бирæфатерон хæдзæртты æмхæларадтæ райсынц цæттæдзинады паспорттæ. Цæмæй цæттæдзинады паспорт райсай, уый тыххæй хъæуы ӕркӕсын газы хӕтӕлтӕм, фӕздӕгдзӕуӕнтӕ ӕмӕ вентиляцийы куыстмӕ. Æрмæст уӕд, æдасдзинады мадзæлттæ сæххæст кæнæйæ, раттынц бар хъармгæнæнтæ скусын кæнынæн. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv