Тугъанты Ларисæ скодта ведомствоты 'хсæн къамисы æмбырды

2 тыс. подписчиков

12+
12+

22 просмотра

3 года назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

Тугъанты Ларисæ скодта ведомствоты 'хсæн къамисы æмбырды

2 тыс. подписчиков

12+
12+

22 просмотра

3 года назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

22 просмотра

3 года назад

Æнахъом сывæллæтты бартæ хъахъхъæныны фарстатыл ныхас цыд ведомствоты 'хсæн къамисы æмбырды, разамынд ын лæвæрдта Тугъанты Ларисæ. Ӕркастысты, ӕнахъом сывӕллӕттӕ цӕмӕй фыдракӕндтӕ къаддӕр кӕной, цӕмӕй сӕхӕдӕг ӕвӕгӕсӕг ма уой, уымӕ. Афтӕ ма сӕ хъуамӕ бафтауой сывӕллӕтты ӕмӕ фӕсивӕды ӕхсӕнадон змӕлдты архайдыл. Уый сӕ фӕиппӕрд кӕндзӕн зианхӕссӕг хъуыддӕгтӕй. Пъæлицæйы разамонæджы хæдивæг Агънаты Уырызмæг куыд радзырдта, афтæмæй сывæллæттæ хъуамæ уой исты хъуыддаджы лæуд. Уый руаджы сæ бахъахъхъæнæн уыдзæн æвзæр митæй. Се 'ргом сын раздахын хъæуы республикæйы культурон, спортивон æмæ фæллойадон цардмæ. Уый тыххӕй ахуыргæнæндæтты арæзт цæуынц уæлæмхасæн мадзæлттæ, уыимæ ма фæсивæдон-æхсæнадон змæлды архайд. Æппынæдзух дзуапдæттæг организациты кусджытæ æрыгон адæмимæ кæнынц профилактикон ныхас. Уæлдай æргом здæхт ис фæсивæды патриотон хъомыладмæ дӕр. Æмбырды кæронбæттæны Тугъанты Ларисæ бабар кодта, цæмæй, сæрмагонд хыгъды цы сывæллæттæ лæууынц, уыдонæн сæ æхсæнадон архайдæн снысан кæной уæлæмхасæн мадзæлттæ.

, чтобы оставлять комментарии