«Дигория», зæгъгæ, Уæрæсейы æрыгон политологты форум байгом Фиййагдоны
«Дигория», зæгъгæ, Уæрæсейы æрыгон политологты форум байгом Фиййагдоны. Аразынц æй фыццаг хатт. Архайджытæ сæмбырд сты нæ бæстæйы алы регионтæй. Æдæппæтæй 150 адæймаджы. Форум аххæсдзæн 7 боны. Архайджытæм æнхъæлмæ кæсы цымыдисаг программæ. Райсомæй изæрмæ æмбæлдзысты лекциты, семинарты æмæ дæсныйад æвдисæн ахуырты. Уыимæ ма архайджытæ сæ зонындзинæдтæ æвдисдзысты практикæйы хуызы дæр. Форуммæ фылдæр саккаг кодтой студенттæ. Ахæм егъау ахуырадон форумы руаджы сын фадат ис фæлтæрдджын специалисттимæ фембæлын. Сæ хъуыдытæ архайджытæ не `мбæхсынц. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
«Дигория», зæгъгæ, Уæрæсейы æрыгон политологты форум байгом Фиййагдоны
Категория:
Новости и СМИ