Сергей Меняйло ирыстоны адæмæн ракодта бæрæгбоны арфæтæ
Ирыстоны цæрджытæ бæрæг кæнынц сæ кадджындæр бæрæгбæттæй иу - Уастыджимæ кувæн къуыри - Джеоргуыба. Авд боны дæргъы алы ирон хæдзары дæр хистæртæ кувдзысты се `ртæ чъирийы, сæхи æмæ сæ кæстæрты фæдзæхсдзысты Хуыцау æмæ адæмы ’хсæн минæварыл. Курдзысты æнæниздзинад, амонд æмæ бæллиццаг фидæн. Ракурдзысты Ирыстонæн Хуыцауы арфæ, уæлдайдæр ныры тыхст рæстæг, æнæниздзинад æмæ сабыр цард. Бæрæгбоны арфæтæ адæмæн ракодта нæ республикæйы сæргълæууæг Сергей Меняйло. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv