Ирон драматурги æмæ театры бындурæвæрæг Брытъитаты Елбыздыхъойы цыртдзæвæны цур хохы фахсыл уыди æрх
Ирон драматурги æмæ театры бындурæвæрæг Брытъитаты Елбыздыхъойы цыртдзæвæны цур хохы фахсыл уыди æрхуыйæ арæзт барæг. Æрæджы йæ бынатæй фесæфт. Уый тыххæй нын фехъусын кодтой фæсивæдон театр «Амран»-ы артисттæ. Закъонхалджыты ныхмæ сгарæг рацыдысты пъæлицæйæгтæ дæр. Не сфæлдыстадон къорд абон уыди Куырттаты коммæ. Бæлвырддæр, хъуыддаджы тыххæй раурдзæн Хуаздзауты Алинæ. Фыссæг, рухстауæг, ирон драматурги æмæ театры бындурæвæрæг. Брытъиты Елбыздыхъойы ном Цæгат Ирыстоны чи нæ зоны, ахæм зын ссарæн у. Ам, йæ райуырæн Куырттаты комы ис йæ цыртдзæвæн. Елбыздыхъойы ном уæлдай зынаргъ у фæсивæдон театр «Амран»-ы артисттæн. Æппынæдзух ын йæ цыртдзæвæнмæ зилынц, йæ алфабылай дæр сыгъдæгæй дарынц. Театры гуырæнбон дæр æрвылаз ардæм æрбацæуынц. Брытъиаты Елбыздыхъойы сæйрагдæр уацмысы хъайтар дæр хаста Амраны ном. Уымæ гæсгæ, фæсиæвæдон театрæн уæлдай хæстæг у Елбыздыхъойы ном. Йæ номыл æрвылаз аразынц фестиваль «Амраны рухс». Йæ архайджыты йын алы хатт æрбаласынц ардæм. Хæрзæрæджы дæр та театры къорд ногæй абæрæг кодта зындгонд фыссæджы цыртдзæвæн. Йæ фæстæ хохы фахсыл цы æрхуыйæ арæзт барæг уыд, уый чидæр айста. Алагиры районы пъæлицæйы кусджыты ныхæстæм гæсгæ, ныртæккæ цæуынц слесты агъоммæ мадзæлттæ. Хъуамæ сбæрæг кæной, зиан цы адæймагæн, кæнæ организацийæн хаст æрцыди, уый. Уымæй уæлдай ма сбæрæг кæндзысты, цас зиан æрхастой фыдгæнджытæ, уый. Хохы фахсыл барæг сарæзта Сæлиты Валерий. Ныр, хъыгагæн, æгас нал у. Фæлæ, Елбыздыхъойы цыртдзæвæны автор, нæ респбликæйы зындгонд скульптор Дзбойты Михаилмæ ис проект. Гæнæн ис æмæ æмбæлгæ æххуысимæ зындгонд фыссæджы цыртдзæвæны цур фæзындзæн егъау нывæфтыд. Уаид йæ уацмысты сæйраг хъайтары хуызы. Ныр та уал, фæсивæдон театры къорд сæ зæрдæ дарынц, фыдгæнджыты кæй ссардзысты, æмæ, ацы æрмæгмæ бакæсгæйæ, цы æбуалгъ ми бакодтой, ууыл фæфæсмон кæдзысты. Хуасдзауты Алинæ _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Ирон драматурги æмæ театры бындурæвæрæг Брытъитаты Елбыздыхъойы цыртдзæвæны цур хохы фахсыл уыди æрх
Категория:
Новости и СМИ