Уæрæсейы уæлдæфон-космосон тыхты хæдтæхæг Су-34 æрхуад Цæгат Ирыстоны
Уæрæсейы уæлдæфон-космосон тыхты хæдтæхæг Су-34 æрхуад Цæгат Ирыстоны. Пъланмæ гæсгæ йын уыд тренировкæгæнæн тæхæн маршрут. Авиацион бæллæх æрцыд Алагиры районы хæхты. Бæстæйы хъахъхъæнынады министрад куыд хъусын кæны, афтæмæй хæдтæджы цы 2 пилоты бадтис, уыдон фæмард сты. Фыдбылызы рагагъоммæйы аххосаг у - хæдтæхæджы техникон къуылымпыдзинæдтæ. Ныртæккæ бынаты кусы уæлдæфон-космосон тыхты къамис, загътой Хъахъхъæнынады министрады.