Абон республикæйы фæстаг фæндараст загътой ирон поэт Хъодзаты Æхсарæн
Абон республикæйы фæстаг фæндараст загътой ирон поэт, прозаик, тæлмацгæнæг Хъодзаты Æхсарæн. Цæгат Ирыстоны адæмон поэт стыр æвæрæн бахаста ирон литературæ æмæ публицистикæйы райрæзтмæ. 1956-æм азы Хъодзаты Æхсар каст фæцис Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты, уæды педагогон институты, филологон факультет. Ахуыргæнæгæй райдыдта кусын Мæцутæйы скъолайы. Уый фæстæ та сфæнд кодта йæхи æндæр дæсныйады бафæлварын. Æмæ бацыд Алагиры районы газетмæ. Фæстæдæр та 4 азы дæргъы фæллой кодта Цæгат Ирыстоны радиойы уацхæссæг æмæ редакторӕй. Фæлæ йæ царды стырдӕр хай балæвар кодта литературон-аивадон æмæ æхсæнадон-политикон журнал «Мах Дуг»-æн. 1986-æм азы сси йæ сæйраг редактор. Хъодзаты Æхсар уыд Советон Цæдисы фысджыты цæдисы уæнг. Йæ алы уацмысы дæр æвæрд ис йæ ирон адæммæ уарзондзинад. Йæ куыстытæ тæлмацгонд сты дунейы алы æвзæгтæм. Хъодзаты Æхсарыл цыд 85 азы. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv