Дзæуджыхъæуы цæрæг Кумситы Анатолий дурæй æмæ хъæдæй аразы скульптурæтæ
Цымыдисаг æмæ бындурон скульптурæтæ фенæн ис Дзæуджыхъæуы Первомайская æмæ Гастеллойы номыл уынгты тигъыл. Сæ рӕзты цæугæйæ сæм горæты цæрджытæ мидбылты худгæ фæкæсынц. Уæдæ сæ туристтæ дæр бабæрæг кæнынц. Аразгæ та сæ ныр ссӕдз азы дæргъы кæны хæдахуыр скульптор Кумситы Анатолий. Уæдæй нырмæ йын бирæ бантыст, фæлæ йæ куыстыты 'хсæн ис, уæлдай адджын ын чи у, ахæмтæ дæр. Кумситы Анатолийы курдиат бирæвæрсыг у. Цыфæнды æрмæгмæ дæр куы бавналы, уæддӕр дзы уд бауадзы. Уæлдай нæу - æгомыг хъæд уа кæнæ фидар дур. Йæ гыццыл æрмадзæй куы хъæбатыр хохаг лæппу рацæуы, куы та - аргъауы хъайтар. Йæ куыстытæ æрмæст горæты цæрджыты не 'фтауынц дисы. Суанг сæм туристтæ дæр сцымыдис вæййынц. Ныр та сæ фенæн ис Первомайская æмæ Гастеллойы номыл уынгты тигъыл. Æрмдæсны хахнывтæй нæ пайда кæны. Цы фæнд æм фæзыны, уый уайтагъд хуызджын фесты. Йæ куыстытæй иутæн æрмæст цалдæр боны бахъæуы, иннæтæ та фæаразы мæйгӕйттӕ. Зынтæй бауырндзӕн адӕймаджы, фæлæ Анатолий скульпторы дæсныйадыл нæ ахуыр кодта. Йæ курдиат у гуырдзӕй рахӕсгӕ. Анатолийы алы скульптурæйы дæр, йе 'нкъарæнтæй уæлдай, фæфæнды равдисын йæ уарзон хъуыддагмæ уарзондзинад. Ссæдз азы дæргъы йын бирæ бантыст, фæлæ йæ куыстыты 'хсæн ис, уæлдай адджын ын чи у, ахæм дæр. Уый у куырыхон зæронд лæджы фæлгонц. Равдыста дзы йæ уарзон дадайы. Куыд зæгъы, афтæмæй 16-аздзыдæй ацыд хæсты быдырмæ, райгуырæн зæхх фашисттæй бахъахъхъæнынмæ. Ног азы размæ дæр Кумситы Анатолимӕ адæмы зӕрдӕтӕ барухс кæныны фæнд ис. Сфæлдисдзæн бæрæгбоны сæйраг хъайтарты. Уымæй уæлдай цæттæ кæны сусӕг лæвар, фæлæ цавæр, уый нæ загъта, Ног азы йæ уæхæдæг фендзыстут, зæгъгæ. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv