Æппӕтадӕмон аэропорт Дзæуджыхъæу-ы мæймæ фыццаг хатт балæггад кодтой 100 мин бӕлццонӕн
Адӕмӕй сӕ фылдæрӕн аэропорт у регистрацийы тæрхæг, æнхъæлмæ кæсæн зал æмæ хæдтæхæг. Афтæмæй, ацы бынат у, суткæйы дæргъы куыст кæм не 'рлæууы, ахæм цымыдисаг бынат. Кусынц дзы сæдæгай адæм. Æмæ се 'ппæт дæр æххæст кæнынц нысангонд фæтк. Сæ сæйрагдæр хæс — бæлццæтты æдасдзынад. Уыдонæн та сæ фæндаг райдайы регистрацийæ. Нæ аэропорты ис 12 тæрхæгы. Алкӕй цур дæр дзы — агент. Уыдон æххуыс кæнынц регистрациимæ. Хъуыддаг 45 секундæй фылдæр хъуамæ ма бацахса. Цалынмæ регистраци цæуы, уæдмæ уæлдæфон нау рагацау цæттæ кæнынц. Райдайынц æппынкъаддæр 2 сахаты раздæр. Бæрæг кæнынц хæдтæджы уавæр, артагæй йæ дзаг кæнынц. Уæлдай цæстдард ис хæдтæхæджы салонмæ. Ам басгæрст аразынц барадхъахъхъæнæн оргæнтæ. Сæхи æркаст ис экипажæн дæр. Уый фæстæ хæдтæхæг бæрæг кæны командир йæхæдæг. Уæлдæфон науы алыварс æрзилы. Валерий Пашко зоны алы лыстæгдзинад дæр. Æмæ хъуамæ фидарæй зона самолет ницы хъуаг у, уый. Сахатты механизмы хуызæн кусы бæлццæтты ласинæгтæ бæрæг кæнæн системæ. Ацы хайады сæм кæсынц. Боны дæргъы æппынкъаддæр сбæрæг кæнынц 15 тонны уæз. Зæгъæм, абон, аэропорты ис 10 рейсы, уый та æ ппынкъаддæр у багажы 15 тоннæйы. Алы хызын дæр лыстæггай иртасынц ацы экранты руаджы. Ныридæгæн процедурæ фæрогдæр — ныв æвдыст цæуы дыууæ проекцийы. Ома хызыны мидæг цы ис, уый фенæн ис дыууæ 'рдыгæй дæр. Фыццаг бакастæй зын рабарæг кæнæн ис, экраныл цы æвдыст цæуы, уый. фæлæ Мукаты Максимы бон у суанг хуызмæ гæсгæ сбæрæг кæнын доны мидæг цы ис, уый. Зæгъы, уый æрмæст фæлтæрддзинады руаджы. Ацы хай та у сыгъдæг зонæ. Ам цæуы тæхыны агъоммæ сгæрст. Фæстаг æмæ лæбынæг. Хайад дих у æртæ постыл. Алы ран дæр йæхи инспектор. Фыццаг — дæтты амынддзинæдтæ, дыккаг — бæрæг кæны, бæлццæттæ сæ къухы цы хызын æрбайсынц семæ, уый. Æртыккаг та бæрæг кæны адæймагæн йæхи. Боны дæргъы аэропорт исы æмæ æрвиты цалдæр рейсы. Сæдæгай адæм нӕ бæстæ æмæ дунейы алы къуымтæй. Кусджытæн сæйрагдæр у, цæмæй бæлццæттæ разыйæ баззайой. Ног терминал кусын куы райдыдта, уæд бæлцæтты нымæц фæфылдæр 30 проценты. Зæгъæм, августмӕ балæггад кодтой мингай адæймагӕн. Фæстаг 8 мæймæ — 600 мин. Æртæ мæйы размæ та аэропот кусын райдыдта суткæгӕгай ӕнӕрлӕугӕйӕ. Сæрдыгон сезон лæггад кодтой 9 здæхтмæ гæсгæ. Нæ сæ айсдзысты ног аз дæр. Мæйы кæрон та ма фæзындзысты ногтæ — Уфа æмæ Дубай. Кусынц ма Ереванмæ маршрутыл дæр. Аэропорты ис дыууæ терминалы. Фыццаг, ног, лæггад кæны бæстæйы мидæг рейсытæн. Дыккаг — æппæтадæмон. Ис чысыл бæстыхайы. Зæронд терминал та ныртӕккӕ у æхгæд. Фæлæ уый рæстæгмæ. Фæнд æй кæнынц бындуронæй рацаразын æмæ уырдæм æппæтадæмон терминал рахæссын. Ома 2025-æм азмæ ног терминал хъуамæ раттой эксплуатацийы. Ууыл ныридæгæн кусынц. Уыцы-иу рæстæг архайынц ног здæхтытыл дæр. Аэропорт æнтыстджынæй рæзы. Бæлцæтты бæрц та дзурæг у, разамынд æмæ кусджытæ раст фæндагыл лӕуд кæй сты.