Æрыгон авторты æмбырд
Цæгат Кавказы федералон зылды регионты автортæн йæ дуæрттæ байгом кодта æрыгон фысджыты скъола. Дзæуджыхъæуы райдыдта 18-æм Æппæтадæмон форумы фыццаг къæпхæн. Мадзал саразыны хъæппæрис уыд журнал «Дарьял»-ы редакцимæ. Форумы архайдзысты 35 азы онг кæуыл цæуы, ахæм 25 фыссæджы. Архайджыты 'хсæн ма ис æрыгон автор Хуссар Ирыстонæй дæр. Абонæрыгон фысджытæн «æгасцуай» загътой Цæгат Ирыстоны хицауады сæрдар Тускъаты Таймураз æмæ национ ахæстдзинæдты фарстаты фæдыл министр Цуциты Аслан. Æртæ бонмæ форумы архайджытæ байхъусдзысты прозæ, поэзи æмæ литературон критикæйы тыххæй дæсныйадæвдисæг ахуыртæм, архайдзысты тымбыл стъолты æмæ сфæлдыстадон фембæлдтыты. Æркасты кæронбæттæн къæпхæн арæзт æрцæудзæн сентябры — Ульяновскы. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Æрыгон авторты æмбырд
Категория:
Новости и СМИ