Районы куыст
Нæ республикæйы сæргълæууæджы хæстæй районты разамонджытæ сæххæст кодтой æрмæстдæр сæ 20%. Уый тыххæй районты разамонджытимæ æмбырды фехъусын кодта адæмы хъæстытæ иртасæг управленийы разамонæг Æлдаттаты Иринæ. Хæслæвæрдтæ сæххæст кæнынæн лæвæрд цæуы 2 къуырийы. Фæлæ сыл муниципалон скондтæй иу дæр афойнадыл нæ бакуыста. Æлдадтаты Иринæ ма загъта, 12-æм декабры æппæт районты дæр адæмимæ кусæнуæттæ кæй байгом уыдзысты, уый тыххæй. Битарты Вячеслав сæ бадомдта, цæмæй сæ хæстæм бæрнондæр цæстæй кæсой, уый. Æмбырды се ‘ргом аздхæтой адæмон фронты фыццаградон проекттæм. Уæлдайдæр та- районты уынгты сыгъдæгдзинадмæ æмæ фæндæгты уавæрмæ. Æрдзы æвæрæнты министр Мамиаты Чермены ныхæстæм гæсгæ, Цæгат Кавказы республикæты ‘хсæн зынгсирвæзтытæ не руадзыны мадзæлттæм æппæтæй æвзæрдæр хъусдард цæуы Ирыстоны. Уымæн ирд æвдисæн у, Алагиры дыууæ къуырийы размæ цы зынгсирвæзт æцыди, уый. Арты уацары фæци хъæды 7 гектары. Афтæмæй та, районты сæргълæуджытæ ахæм фыдбылызты тыххæй ницавæр дзуапп раттынц. Битарты Вячеславы хъуыдымæ гæсгæ, аххосджынты хъæуы æфхæрын. Муниципалон скондты сæргълæуджытæ æмæ хъæуты разамонджытæ хъуамæ фидой ивар. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Районы куыст
Категория:
Новости и СМИ