Ирон æвзаджы ад
Цæгат Ирыстоны абон бæрæг кæнынц Ирон æвзаг æмæ литературæйы бон. Кадджын мадзæлттæ райдыдтой Ирон аргъуаны цур пантеоны. Ирыстоны номдзыд хъæбул, Хетæгкаты Къоастайæн, аргъгæнгæйæ, мадзалмæ æрбацыдысты Битарты Вячеслав, Парламенты сæрдар Алексей Мачнев, Хицауады сæрдар Тускъаты Таймураз, Федерацийы советы сенатор Фадзайты Арсен, депутаттæ, культурæй æмæ хсæнады кусджытæ. Поэты ингæныл сæвæрдтой дидинджытæ æмæ веноктæ. Скъоладздаутæ уазджытæн бакастысты сæ Къостайы æмдзæвгæтæ. Битарты Вячеслав куыд загъта, афтæмæй ацы бæрæгбонæн уæлдай кад хъуамæ уа. Дидинджытæ хастой Ирон театры цур фæзы Хетæгкаты Къостайы цыртдзæвæнмæ дæр. Æрбацыд æм 100 адæймагæй фылдæр. Се хсæн уыдысты æхсæнадон архайджытæ, культурæйы кусджытæ æмæ фæсивæд. Арæзт дзы уыд бæрæгбоны равдыст. Ирон театры актертæ та бакастысты æмдзæвгæтæ. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм Ирон æвзаг æмæ литературæйы бон бæрæг кæнынц 2003-æм азæй. 15-æм май дæр хуымæтæджы нæ равзæрстой. Ацы бон 1899 азы мыхуыры рацыд Хетæгкаты Къостайы «Ирон фæндыр». _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Ирон æвзаджы ад
Категория:
Новости и СМИ