Санкт-Петербургыл сæххæст 316 азы

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

1 просмотр

7 лет назад

27-æм майы, æрмæст 1703-æм азы Уæрæсейы паддзах Петр 1-аг бындур сæвæрдта Петропавловскы гæнахæн. Уыцы цау нымайынц Санкт-Петербурджы райгуырæн боныл. Горæтыл афтæмæй сæххæст 316 азы. Йæ райгуырды размæ ацы рæтты цыдис хæстон цаутæ. 1700-æм азæй Уæрæсе тох кодта Швециимæ Балтийаг денджызмæ рацæуæн бацахсыныл. 1703-æм азы сæрдмæ уырысы салдæттæ бацахстой Невайы донæфтæны зæххытæ. Сæхи дзы цы гæнах бакодтой, уый шведæгтæй хи бахъахъхъæнынæн фагыл нæ банымадтой. Уæд Енисаари, зæгъгæ, сакъадахыл равзæрстой хорз бынат ног гæнахæн. Фыццаг дур дзы сæвæрдта, куыд загътам, афтæмæй Петр 1-аг. Арæзтады сæргъы лæууыд паддзахы хæстæгдæр æххуысгæнæг Александр Меншиков. Гæнахы проект та, дам, фæзæгъынц, Петр 1-аг йæхæдæг сарæзта. Уыдис хъæдæй конд. Кæронмæ йæ арæзт фесты уыцы азы октябры. 18-æм æнусы кæронмæ та йæ самадтой дурæй. Цы горæт дзы сырæзт, уый та схуыдтой апостол Петры номыл. Афтæмæй Санкт-Петербург уыд фыццаг уырыссаг порт Балтийаг денджызы. Бæрæгбоны номыл æрвылаз 27-æм майы Петропавловскы гæнахы фæцæуынц кадджын мадзæлттæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Санкт-Петербургыл сæххæст 316 азы

Категория:

Новости и СМИ