Дзæуджыхъæуы ацыд сывæллæттæ æмæ фæсивæды 'хсæн федералон фестиваль лæгæй-лæгмæ хъæбысхæстæй

2 тыс. подписчиков

12+
12+

40 просмотров

3 года назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

40 просмотров

3 года назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

40 просмотров

3 года назад

Нæ бæстыйы алы рæттæй иуыл тыхджындæр спортсменьтæ фыццаг фæсивæдон лæгæй-лæгмæ хæстыты федералон фестиваль «Наше делло»-йы равдыстой сæ дæсныдзинад. Еыстæ ацыдысты «Манеж»-ы. 800 архайæгæй фылдæр алыхуызон хуызты, ома ММА, бокс, армрестлинг æмæ уæгъдибар хъæбысхæстæй æвдыстой сæ дæсныдзинад. Алкæй дæр фæнды тæрхонгæнджыты сцымыдис кæнын йæ фæразондзинадæй, техникæ æмæ уæлахизмæ тырнындзинадæй. Ацы змæлд спортивон фæзыл ММА -йы спортуарзджытæн у уæлдай уарзондæр. Ацы спорты хуыз æххæст у спорты алыхуызон æууæлтæй. Гыццыл размæ ма спортсментæ сæ тыхтæ æвзæрстой лæугæйæ, ныр та сæ хъæуы сæ арæхстдзинад æвдисын. Алцыдæр уæлахизæн. Ацы хъуыддаджы цалдæр секундмӕ дæр уавæр цæхгæр фæивын зоны. 800 сæдæ архайæгæй фылдæр. Ам фенæн ис, дæс азы æмæ уымæй фылдæр кæуыл цæуы, ахæм æрыгон спорсменты æппæт республикæйæ дæр Цæгат Кавказы федералон зылдæй æмæ Ростовы облæстæй. Дзæуджыхъæуы арæзт ӕрцыд фыццаг фæсивæдон лæгæй-лæгмæ хæстыты федералон фестиваль. Лæгæй-лæгмæ хæстыты федералон фестивалы суазæг кодтой кадджын уазджыты дæр. Спортивон клуб «Наше дело»-йы ирддæр минæвæрттæ: Павел Шульский, Фарид Ядуллаев, Ислам Ибрагимов æмæ Уалыты Тамерлан. Суанг ма зындгонд блогер, MMA спорты хæцæг Александр Стоун. Уыдон канд спортыл æнувыд фæсивæды фенынмæ не`рцыдысты. Фестивалы уæлахиздзаутæ хæрзиуджытæ дæр сæ къухтæй айстой. Егъау фæсивæдон фестиваль сарæзтой иу бонмæ. Мадзаларазджытæ фæнд кæнынц ацы спорты бæрæгбон æрвылазон скæнын. Æрмæстдæр иу нысанимæ – спорты бæрзæндтæм схизынæн æрмæст тренировкæтæ фаг не сты. Сывæллæттæн хъуамæ сæрмагонд мадзал, сæ арæхстдзинæдтæ сæ бон кæм уа равдисын. Фæсивæдæн сæхи равдисынæн æмбæлгæ уавæртæ саразын. Уæвгæ, фæсивæдон лæгæй-лæгмæ хæстыты федералон фестиваль ацы хъуыддаджы фæахъаз уыдзæн. Дарддæр та ног уæлахизтæ æмæ ног проекттæ. Æппæт мадзæлттæ дæр спорты рæзтæн.

, чтобы оставлять комментарии