Беслæны сывæллæтты 6-æм рæвдауæндоны цы 14 сабийы фæхъæстæ сты, уыдоны се ’ппæты дæр рафыстой рынчын
Беслæны сывæллæтты 6-æм рæвдауæндоны цы 14 сабийы фæхъæстæ сты, уыдоны се ’ппæты дæр рафыстой рынчындонæй. Уый тыххæй фехъусын кодтой Цæгат Ирыстоны æнæниздзинад хъахъхъæнынады министрады. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, сывæллæттæ сæхи æвзæр банкъардтой сывæллæтты рæвдауæндоны 27-æм ноябры. Æвæстиатæй сæ балæууын кодтой рынчындонмæ. 14-æй 11 бахъуыд госпитализаци скæнын. Цауы фæдыл Цæгат Ирыстоны прокуратурæ басгæрст сарæзта. Байгом кодтой уголовон хъуыддаг санитарон-эпидемиологон домæнтæ хæлд кæй ’рцыдысты, уый тыххæй æмæ адæмы æнæниздзинадæн тæсад кæй расайдтой, уый. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Беслæны сывæллæтты 6-æм рæвдауæндоны цы 14 сабийы фæхъæстæ сты, уыдоны се ’ппæты дæр рафыстой рынчын
Категория:
Новости и СМИ