Базилдзысты йæм
Джызæлы цалцæг кæнынц Хъолайы цъитийы амæдтæгтæн цыртдзæвæн. Байгом æй кодтой 2003-æм азы. 15 азмæ сцалцæг кодтой æрмæстдæр монумент. Ныр та, бæрнон адæм базилдзысты мемориалон комплексмæ æнæхъæнæй. Куыстытæ хъуамæ фæуой 20 сентябрмæ. Уыцы æмгъуыдмæ сфидар кæндзысты цыртдзæвæн, сцалцæг кæндзысты бахизæн дæр. Сæвæрдзысты мемориалон фæйнæджытæ, чи дзы фæмард, уыдоны нæмттимæ. Уыцы куыстытæ кæнынц бынæттон администрацийы хæрдзтæй. Æххуыс сын кæнынц амалхъом адæм æмæ хæрзгæнджытæ дæр. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Базилдзысты йæм
Категория:
Новости и СМИ