Амалхъомдзинады пайдайæн
Амалхъомдзинады рæзтæн Цæгат Ирыстоны ис закъонмæ гæсгæ бардæттæг æмæ инфрастурктурæйы гæнæнтæ. Уый тыххæй республикæйы сæргълæууæджы цур амалхъомдзинады советы фыццаг æмбырды фехъусын кодта нæ республикæйы экономикæйы райрæзты министр Томайты Хъазыбег. Йæ ныхæстæм гæсгæ, амалхъомдзинады фыццаг къахдзæфтæ чи кæны, уыдонæн ныртæккæ æххуыс кæнынц гранттæ райсынæн. Зæгъæм, хъæууон хæдзарады министрад 3 милуан сомы бæрц субсидитæ дих кæны стурвосы куыстгæнджыты хсæн, милуан æмæ рдæг та - зайæгойты куыст чи кæны, уыдоны хсæн. Амалхъом адæмæн фадат ис зæхыттæ хаццоны райсынæн дæр. Уый тыххæй æрхъуыды кодтой сæрмагонд мадзæлттæ. Ныридæгæн сæ 18 адæймаджы æнтысджынæй æххæст кæнынц. Уый æрмæст ацы аз. Фæлæ æмбырды архайджытæ куыд загътой, афтæмæй хъæууон хæдзарад парахат кæныны ис зындзинæдтæ дæр. Бæлвырддæр зæгъгæйæ, зæххыты кадастрон аргъыл кæй бафтыд, уый. Уый фæбæрæг муниципалон бюджеттыл. Хицæн фарста - амалхъом адæймæгты æмæ энергетикты æмгуыстад. Сæ лæггæдтæ зынаргъæй зырагъдæр кæй кæнынц, уый фæзыны амалхъом адæмы куыстыл æмæ сæ къуылымпы кæны. Арæх сæ куыст дæр бауромынц. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Амалхъомдзинады пайдайæн
Категория:
Новости и СМИ