Трамвайы рельсыты цалцæджы тыххæй, Дзæуджыхъæуы рæстæгмæ фæзынд 3 ног маршруты
Дзæуджыхъæуы æфсæгвæндæгты цалцæггæнæн куыстытæ сæ тæмæны сты. Цæуынц Къостайы æмæ Сабырдзинады проспектты, стæй Барбашовы номыл уынгæй æмæ Нальчинскийы онг. Афтæмæй, горæты цæрджытæ катай кæнынц, уæлдайдæр та пенсионертæ. Куыд зæгъынц, афтæмæй æнæ трамвайæ пайда кæнгæйæ горæты змæлын зын у. Зæрдæ дарынц, тагъд рæстæджы хъуыддаг хуыздæры `рдæм кæй аивдзæн. Фыццаг трамвайы уынæр Дзæуджыхъæуы райхъуыст 1904 азы. Уæдæй нырмæ трамвайтæ згъорынц рельсытыл. Схонæн сæ ис нæ горæты историйы ирддæр æвдисæндартыл. Бирæ фæлварæнты сæрты ахызтысты, бирæ цаутæ федтой. Кæд маршрутон такситæ сарæх сты, уæддæр республикæйы цæрджытæн трамвай у уарзондæр транспорттæй иу. Ныр бæлццæттæ æнхъæлмæ кæсынц сæйраг фæндæгтæ кæд фæуыдзысты цалцæггонд, уымæ. Иуæй-иу уынгты æфсæвæндæгтæм 80 азы æвналгæ дæр ничи бакодта. Тагъд зæронд æмæ зылын рельсытæ горæты цæрджытæ хъуыды дæр нал кæндзысты. Сæ фæндаг уыдзæн лæгъз, зæрдæмæдзæугæ æмæ æнæ гыбар-гыбурæй. Сабырдзинады æмæ Къостайы проспектты цалцæггæнæн куыстытæ сæ тæмæны бацыдысты. Ног рельсытæ æвæрынц фæндаджы 700 метры уаддзагыл Барбашовы уынгæй Нальчикскийы уынджы онг. Рацарæзт цалынмæ цæуы, уæдмæ рæстæгмæ маршруттæ уæ бон фенын у нæ картæйыл. Доны станцæ æмæ ОЗАТЭ-мæ нырма нæй ссæуæн. Дыууæ вагон цæуы Николаевы уынгæй. 4 - Чапаевы уынгæй БАМ-ы онг. Уыим 8-æм маршрут дæр. Иууылдæр сæ фæндаг акæнынц Марковайы уынджы уылты, вокзалы онг. «ВладТрамвай»-ы разамынд цæрджытæм сиды уавæр бамбарын. Зæрдæ бавæрдтой куыстыты хæрзхъæддзинадæй алчидæр разы кæй баззайдзæн, уымæй. Ивынц канд рельсытæ нæ, фæлæ ма вагæттæ дæр. 2016 -æм сног кодтой 14 ваго ны. Баивтой зæронд каркас, сæвæрдтой ног бандæттæ, фæзынд ма раззаг азиаг фыранчы нывимæ ног трамвай. Ахæм куыст конд цæудзæн дарддæр дæр. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Трамвайы рельсыты цалцæджы тыххæй, Дзæуджыхъæуы рæстæгмæ фæзынд 3 ног маршруты
Категория:
Новости и СМИ