"Горæты æнцонвадат уавæртæ аразыны" программæ
422 кæрты æмæ 186 æхсæнадон бынаты 5 азмæ саив кодтой республикæйы "Горæты æнцонвадат уавæртæ аразыны" программæйы æххуысæй. Цæгат Ирыстоны цæрæнуатон-коммуналон хæдзарад, артаг æмæ энергетикæйы министр куыд загъта, афтæмæй ацы аз куыст адарддæр кæндзысты. Таматы Майрæн абон дзуæппытæ радта журналистты фæрстытæн. Ацы аз регионы базилдзысты 39 объектмæ, федералон бюджетæй сын рахай кæндзысты 400 милуан сомы бæрц. Фыццаг хатт саив кæндзысты Нарыхъæу, куыд историон бынат, афтæ. Министр ма фехъусын кодта, проект "Сыгъдæг доны" æххуысæй дарддæр кæй хæццæ кæны Алагиры дондзæуæн системæйы рацарæзт. Ныры онг сæндидзын кодтой хæтæлты 16 километры, афæдзы кæронмæ ма сног кæндзысты 6. Уæдæ Змейкæйы дондзæуæн хызæг дæр ногæй раивтой. Йæ дæргъ у 41 километрæй фылдæр. Хæтæлтæ иугонд сты алы пайдагæнæгмæ дæр. Мæздæджы районы та доны хызтæ батвтой Сухотское æмæ Виноградное хъæуты. Хæтæлты иу хай раивтой Беслæны дæр. Ныхас ма цыд аварион цæрæнуæттыл.