Алагиры районы скъолаты бындурыл кусы æфсæддон-патриотон клуб «Ас-Аланы»
Патриотон клуб «Ас-Аланы» фæзынд 2013 азы. Кусы Алагиры районы цалдæр скъолайы бындурыл. Ахуыр дзы кæнынц хæцæнгарзимæ раст архайыныл, уыимæ, бахъуаджы рæстæг знаггадгæнджытæй хи бахъахъхъæныныл. Æфсæддон-патриотон клуб «Ас-Аланы» фæзынд 2013-ӕм азы. Уæдæй абонмæ Алагиры районы цалдæр скъолайы бындурыл фæзындысты тир æмæ гыццыл полигон. Клубы архайынц, аст азæй фылдæр кæуыл цæуы, ахæм чызджытæ æмæ лæппутæ. Фæсивæдæн ацы ахуыртæ Уæрæсейы æфсады службæйы размæ хорз пайда сты. Чызджытæ та сахуыр вæййынц хи бахъахъхъæныны гӕнӕнтыл. Цалдæр мæйы размæ клуб «Ас-Аланы»-йы хъомылгæнинæгтæ архайдтой пневматикон хæцæнгарзæй æхсыны конкурсы. Командæты 'хсæн райстой æртыккаг бынат. Клубы архайы 30 адæймагæй фылдæр. Сывæллæтты исынц æппынæдзух. Фæсивæд сæхи цæттæ кæнынц ног æркастытæм. Фæнд кæнынц нæ бæстæйы хуыздæр æфсæддон-патриотон скъолаты æмрæнхъ æрлæууын. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv