Сергей Меняйло амыдта Хицауады радон аппаратон æмбырд
Сергей Меняйло амыдта Хицауады радон аппаратон æмбырд
Хорз бæрæггæнæнтæ цы скъолатæ æвдисынц, уыдон регионы сæргълæууæгæй райсдзысты гранттæ. Уый тыххæй абон фехъусын кодта Сергей Меняйло хицауады аппаратон æмбырды. Республикæйы ахуырад æмæ наукæйы министрады кусынц æхцайы фæрæзтæ, уыцы нысанæн рахай кæныны фæткыл. Гранттæ дæтдзысты куыд горæтаг, афтæ хъæуккаг скъолатæн дæр. Æмбырды ма ныхас кодтой паддзахадон пограммæты райрæзтыл. Фембæлды архайджытæ ма æрдзырдтой Гæздæнты 7 æфсымæры цыртдзæвæны бакомкоммæ цы арæзтад райдайынмæ хъавынц, уый фæдыл.