Национ чиныгдоны равдыстой Уарзиаты Хадзысмелы тыххæй киноныв
Национ чиныгдоны чысыл раздæр равдыстой Ирыстоны аивады ирддæр стъалытæй иу Уарзиаты Хадзысмелы цардвæндаджы тыххæй киноныв. Уæрæсейы аивæдты сгуыхт архайæг, нæ республикæйы паддзахадон ансамль «Алан»-ы аивадон разамонæджы сфæлдыстадон фæндаг бирæтæн у дæнцæгæн хæссинаг. Цæгат Ирыстоны фыццаг балетмейстерыл документалон кинонывы автор æмæ режиссер у Любовь Азаматова. Куыстой йыл 2 азы. 50 минутмæ йын бантыст Хадзысмелы цардвæндаг равдисын. Ирд, курдиатджын, æмбал кæмæн нæй, ахæм. Афтæ Уарзиаты Хадзысмелы мысынц, йемæ-иу чи сæмбæлд, уыдон. «Мæ фыды боныгтæ æмæ къухфыстытæм кæсгæйæ ног информаци куы ссарин, уæд æй уайтагъд сфæлдыстадон къордæн фехъусын кæнин. Уыдон агуырдтой æмбæлгæ къамтæ æмæ видеоæрмæджытæ. Мæнмæ гæсгæ, дыккаг æмæ æртыккаг хай дæр кæнын бахъæудзæн кинонывæн. Уымæн æмæ æрмæджытæ тынг бирæ ис. Ацы хаймæ бахаудысты сæйрагдæр фæзилæнтæ. Æхсызгон уый у, æмæ кинонывы руаджы æрыгон професиионалтæн фадат уыдзæн ахъуыды кæнынæн, сæ дæсныйад раст равзæрстой æви нæ, уый», - Уарзиаты Хадзысмелы фырт Уарзиаты Сослан. Ансамль «Алан»-ы аивадон рæзтмæ Уарзиаты Хадзысмел бахаста æгæрон æвæрæн. Абон дæр æй мысынц, дунейы бæстæты сын-иу цы къухæмдзæгъд сарæзтой, уый зæрдыл даргæйæ. Бафтаудзыстæм ма уый, æмæ киноныв дарддæр æвдисдзысты нæ республикæйы алы районты культурæйы галуанты. Хъуамæ æрыгон фæлтæры минæвæрттæ зоной нæ разагъды лæгты. «Мæнæн Уарзиаты Хадзысмел у номзыддæр разамонæг æмæ балетмейстер. Йæ куысты рæстæджы кафыдтæн ансамблы. Фыццаг бакастæй дæр æй æмбæрста, кæй бон нæ цы у, уый. Хорз ма йæ хъуыды кæнын, Чайковскийы номыл залы нын лæугæйæ куыд къухæмдзæгъд кодтой, уый. Хадзысмелы зындгонд Симд чи нæ зоны, мæнмæ гæсгæ, ахæм нæй. Тынг хъыг кæнæм, не `хсæн кæй нал ис, уый тыххæй», - РЦИ-Аланийы паддзахадон ансамбль «Алан»-ы сæйраг балетмейстер Мæхъиты Алан. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Национ чиныгдоны равдыстой Уарзиаты Хадзысмелы тыххæй киноныв
Категория:
Новости и СМИ