Цæгат Ирыстоны энергетиктæ бæрæг кæнынц бирæуæлæдзыгон хæдзæрттæ
Цæгат Ирыстоны бирæуæладзыгон хæдзæртты бæрæг кæнынц электрон тыхæй пайда кæныны фæтк куыд æххæстгонд цæуы, уый. Сæрмагонд куыстытæм бавнæлдта ведомствоты хсæн кусæг къорд. Архайы дзы Цæгат Кавказ Энерго, Россети, æмæ æндæр коммуналон лæггæдты службæтæ. Сæйарг хæс у – бирæуæладзыгон хæдзæртты энергон тыхæй домæнтæй фылдæр цæмæ пайда кæнынц, уый рабæрæг кæнын. Кусджытæ иртасынц барæнтæ - счетчиктæ кæй хонынц, уыдон. Фыццаг сисынц хицæн фатеры бæрæггæнæнтæ, стæй та бирæуæладзыгон хæдзары барæны уæдтæ. Афтæмæй сæ сбарынц æмæ раиртасынц фылдæр чи пайада кæны электрон тыхæй, уыдоны. Цæгат Кавказ Энергойы хайады хицау Артур Хурсиновы ныхæстæм гæсгæ, ахæм хъуыддаг кæй фæзыны, уый баст у пайдагæнджытæ электрон тых давынмæ кæй бахъавынц, уыимæ. Кæгæ та, гæнæн ис æмæ сæм æндæр барæнтæ дæр баиу кæнынц. Кусæн къорд дарддæр фæнд кæны, цы информаци æрæмбырд кæной, ууыл лæмбынæгдæр бакусын æмæ уавæрыл бакусын. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Цæгат Ирыстоны энергетиктæ бæрæг кæнынц бирæуæлæдзыгон хæдзæрттæ
Категория:
Новости и СМИ