Дзæуджыхъæуы 48-æм скъолайы зынгсирвæзт кæй æххосæй æрцыд, уый раиртæстой
Цæгат Ирыстоны Мидхъуыддæгты министрады кусджытæ сбæрæг кодтой, Дзæуджыхъæуы 48-æм скъолайы зынгсирвæзт кæй ахосæй æрцыд, уый. Уый разынд ахуырадон уагдоны завхоз. Йæ аххосыл басаст. Йæ ныхæстæм гæсгæ, ахæм æбуалгъ ми бакодта, йе 'мкусджытæй иумæ кæй смæсты, уый тыххæй. Уæ зæрдыл æрлæууын кæндзыстæм, 3-æм декабры скъолайы асинты бын сӕвзӕргӕ зынг апарахат ахуырадон объектыл. Хуыцау хорз, æмæ никӕй бахъыгдæрдта. Ныр 1965 азы гуырд нæлгоймагæн тæссаг у ахæстоны 5 азы фæбадынæй. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv