Дарддæр чи ?

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

1 просмотр

8 лет назад

Телеканал  «Осетия - Ирыстон» расидт ног проект  «Хочу в Аланию». Фыццаг архайæг сси студенткæ Минскæй - Валерия Ковалевская . 3 боны цымыдисагæй арвитын, уыимæ ма бирæ ногдзинæдтæ базонын, алкæддæр телекамерæты уæлхъус. Цавæр проект у æмæ дзы цавæр пайдайаг мазæлттæ арæхъуыды кодтой проекты автортæ, уый зоны не сфæлдыстадон къорд. Национ телеуынанды хæрз æрæджы расидтысты проект "Хочу в Аланию". Ныр та Валерия Ковалевская Цæгат Ирыстоны цæрджытæн фæндараст зæгъы. Йæ ныхæстæм гæсгæ, 3 боны йæм æгæрон дæргъвæтин фæкастысты. Ссыд дард Минскæй æмæ проекты сси фыццаг архайæг. Йæ цин не `мбæхсгæйæ, зæгъы, куы базыдта проекты кæй архайдзæн, уый, уæд æй фыццаг уырнгæ дæр нæ бакодта. Йæхи уайтагъд сцæттæ кодта æмæ цыбыр рæстæгтæ Беслæны аэропортмæ схæццæ. Уым æм æнхъæлмæ каст нæ телеуынынады исæн къорд. Проекты программæ цымыдисаг у. Фæлæ 3 бонмæ адæймагæн Цæгат Ирыстоны рæсугъддзинæтæ фенын кæнын, нæ историимæ йæ базонгæ кæнынæн фаг не сты. Фыццаг бон уазæг чызгæн фенын кодтой ирон чындзæхсæв. Куыд зæгъы, афтæмæй йæ уайтагъд банкъардта, Ирыстоны адæм уазæгуарзон кæй сты, уый. Уыимæ йæм тынг диссаг фæкастысты ирон чындзæхсæвы традицитæ. Дыккаг бон та сбæрæг кодта республикæйы æмæ Дзæуджыхъæуы бон. Атезгъо кодта Сабырдзинады проспекты æмæ бафæлвæрдта ирон чъиритæ сфыцын. Сахуыр ма кодта ирон кафт дæр. Уæдæ хæхтæ не фенгæйæ, Ирыстонæй куыд ацæуæн ис? Акодтой Валерияйы дæр. Хæхтæ йын йæ зæрдæ ног æнкъарæнтæй байдзаг кодтой. Валерия Ковалевская:  «Æппæты фылдæр æнкъарæнтæ мæм сæвзæрд хæхтæ куы федтон, уæд. Фыццаг бон боныхъæд тынг хурдзаст нæ уыд æмæ адæймагмæ ног хъуыдытæ æвзæрын кодта. Дыккаг бон та хур ракаст æмæ хъуыды дæр æндæр хуызæн кодтон. Мæ зæрдæйы ахаст дæр фæхуыздæр. Æргомæй зæгъын, æрмæст хæхты тыххæй дæр туристтæ хъуамæ, æнæмæнг цæуой ардæм». Ацы бонтæ йæ зæрдæйы арф бынат ссардтой, хъахъхъæндзæн æмæ сæ алкæддæр мысдзæн. Цалдæр бонмæ уазæджы базонгæ кодтой Ирыстоны истори, традицитæ æмæ культурæимæ. Уый та йын хорз фæлтæрддзинад у. Куыд зæгъы, афтæмæй йæ райгуырæн бæстæмæ куы рцæуа, уæд се ппæтæн радзурдзæн Ирыстоны тыххæй йæ. Валерия Ковалевская: «Мæнмæ гæсгæ, проекты формат тынг ахсджиаг у. Иннæ адæмты культурæимæ хæстæгдæр базонгæ кæнын се ппæты дæр хъæуы, алцыдæр хи цæстæй фенын кæй. Дзæуджыхъæу фенын та бирæйы аргъ у. Сахуыр кодтон ирон кафт дæр». Мультимедион проект «Хочу в Аланию!» ацы сæрды райдыдта, июлы. Æппæт бæстæйæ адæм нæ, фæлæ æппæт дунейæ æрвыстой сæ курдиаттæ проекты бацархайынмæ. Сæйраг домæн уыд - Ирыстон зæрдиагæй уарзын. проектыл продюсеры ныхæстæм гæсгæ йыл бæстонæй бакуыстой. Куыд сæм кæсы, афтæмæй хорз рауад. Ныр проектыл дарддæр архайдзысты. Мадинæ Тогологты:  «Проектæн хорз фидæн ис. Кæй зæгъын æй хъæуы дарддæр архайдзыстæм, цæмæй нæ уазджытæн Цæгат Ирыстоны уа цымыдисаг. Проекты цæудзæн мæй иу хатт. Алы уазæгæн дæр цæттæ кæнæм ног æмæ цымыдисаг программæ». Проект "Хочу в Аланию"-йы фыццаг рауагъд кæронмæ æрхæццæ. Телевизормæ кæсджытæ йæм фæззæджы, ног сезоны бакæсдзысты. Проекты аразджыты зæрдæ вæрынц - се ппæтæн дæр цымыдисаг уыдзæн. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv

Название:

Дарддæр чи ?

Категория:

Новости и СМИ