Æфсадмæ фæсидтысты
Æфсадмæ сидыны къамисы æмбырды радон хатт æвзарынц, ацы аз йе `фсæддон хæс чи æххæст кæндзæн, ахæм æрыгон лæппуты. Октябры райдыдта фæззыгон сидæн кампани. Дзæуджыхъæуæй Уæрæсейы алы къуымтæм службæ кæнынмæ абалц кæндзысты 250 лæппуйы. Къамис сын бæлвырд кæны се `нæниздзинад, семæ бакусы психолог дæр. Иртасынц ма, фæсивæд æфсадæн йæ кæцы хаймæ бахаудзысты, уый дæр. Къамисы минæвæрттæ ма фæбæлвырд кодтой, æфсады службæ кæнынæй уæгъд чи у, уыцы категоритæ. Беджызаты Роберт, Дзæуджыхъæуы æфсæддон комиссар: «Дих кæнынц дыууæ къордыл. Æфсæддон билет чи райста, фæлæ запасы хыгъдмæ хаст чи æрцыдис, ахæмтæ. Иннæ къорд та - æфсадæй хи суæгъд кæнынæн закъонадон бындур кæмæн нæй, уыдон. Дыккæгтæн-иу ратдзысты сæрмагонд гæххæтт, уымæ гæсгæ сын 10 азы паддзахадон структурæты, муниципалон службæйы æмæ æмдæр бæрнон рæтты кусыны бар нæ уыдзæн». Къамисы минæвæрттæ куыд зæгъынц, афтæмæй азæй-азмæ æфсады службæ кæнын кæй фæнды, уыдоны нымæцыл æфты. Фæсивæд уый сæхæдæг дæр æмбарынц. Фидæны сын сæ цардыл кæй ахаддзæн, уый зонынц. Хæныкъаты Вадим, сидтон: «Фæнды мæ службæ кæнын, алы нæлгоймаг дæр хъуамæ афæдзы дæргъы фæлæггад кæна йæ Фыдыбæстæйæн. Афтæмæй райсдзыстæм хъæугæ миниуджытæ: лæгдзинад, æхсардзинад æмæ хъæбатырдзинад». _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Æфсадмæ фæсидтысты
Категория:
Новости и СМИ