Пенситæ ног хуызы
Абонæй фæстæмæ Уæрæсейы йæ тыхы бацæудзæн пенситæ фидыны ног фæтк. Амынд дзы куыд ис, афтæмæй фидын райдайдзысты социалон уæлæфтуан. Уый руаджы пенсийы бæрц схæццæ уыдзæн цæрынæн хъæугæ тæккæ æппынкъаддæр нымæцмæ. Æрмæстдæр уыйфæстæ ныхас цæудзæн индексацийыл. Ног фæтк ныффидар кæныны тыххæй Уæрæсейы фæллойы министрады бардзырд йæ тыхы бацыд бон раздæр. Цымыдисаг кæмæн уа, уымæн йæ бон йемæ базонгæ уæвын у. Ныронг уыдис иннæрдæм. Куыд, уый дæр зæгъдзыстæм. Раздæр-иу пенситæн уыдис индексаци, уыйфæстæ сæм-иу бафтыдтой социалон уæлæмхасæн. Уæвгæ æрмæстдæр уæд, æмæ-иу пенси цæрынæн хъæугæ æппынкъаддæр бæрцы онг куы нæ хæццæ кодта. Афтæмæй-иу пенсионер йæ къухмæ райста æхцайы уыцы-иу бæрц, цы индексацийы размæ, цы - йæ фæстæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Пенситæ ног хуызы
Категория:
Новости и СМИ