Чартерон рейс Туркмæ
Дзæуджыхъæуы аэропорты кусджыты хъусынгæнинагмæ гæсгæ, нæ уæлдæфон дуар сæрды райдиан байгом уыдзæн ног рейсытæн. Райдайдзысты сæ туркаг горæт Анталимæ æххæст кæнын. Фыццаг хæдтæхæг фыццаг бæлццæтты йæ базыртыл сисдзæн 1-æм июны. Бæлццæтты ласдзысты авиакомпани «Саратовские авиалинии» хæдтæхæг «Эмбрайер»-ыл. Ис дзы 114 бадæн бынаты. Фæткмæ гæсгæ рейсытæ уыдзысты алы къуырисæр æмæ майрæмбоны 11 сахаты æмæ 30 минутыл. Æххæст сæ кæндзысты октябры кæронмæ. Аэропорты кусджыты ныхæстæм гæсгæ, Турк рагæй сси адæмы уарзондæр улæфæн бынат. Стæй канд ирыстойнæгтæн нæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Чартерон рейс Туркмæ
Категория:
Новости и СМИ