Дзæуджыхъæуы сарæзтой æрвылазон æппæтуæрæсеон акци #СТОПВИЧСПИД
Æппæтуæрæсеон акци #СТОПВИЧСПИД сарæзтой Дзæуджыхъæуы. Абон наукон чиныгдоны медиктæ-бархионтæ сарæзтой квест. Йæ сæйраг хæс уыд фæсивæды ргом ахæм ахсджиагфарстамæ аздахын. Мадзал аразджыты ныхæстæм гæсгæ, квесты руаджы æрыгæттæ уыцы низы тыххæй сæ зонындзинæдтæ фæфылдæр кæндзысты. Архайдтой дзы 7 къорды алы ахуыргæнæндæттæй. Уæлахиздзауты схорзæхджын кодтой дипломтæ æмæ зæрдылдарæн лæвæрттæй. Уымæй уæлдай ма, мадзал аразджытæ фæбæрæг кодтой, 3-æм декабрмæ профилактикон лекцитæ æмæ тренингтæ СПИД-ы ныхмæ кæй араздзысты скъолаты, уæлдæр æмæ профессионалон ахуыргæнæндæтты. Мадзал аразæг Альберт Итов: «Ацы мадзал у тынг ахсджиаг, уымæн æмæ ВИЧ-æй рынчынтæ сты бирæ. Куыд зонæм, афтæмæй Уæрæсейы алы бон дæр ацы инфекцийæ фæрынчын вæййынц 10 адæймаджы. Уый та у тынг бирæ». _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Дзæуджыхъæуы сарæзтой æрвылазон æппæтуæрæсеон акци #СТОПВИЧСПИД
Категория:
Новости и СМИ