Ацы аз адæмон кæфтыты паддзахадон академион ансамбль «Алан» бæрæг кæны йæ юбилей

2 тыс. подписчиков

12+
12+

54 просмотра

3 года назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

54 просмотра

3 года назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

54 просмотра

3 года назад

Ацы аз паддзахадон ансамбль «Алан» сбæрæг кодта йæ 85 азы юбилей. Бæрæгбоны фæлгæты труппæ бацæттæ кодта ног кæфтытæ, сног кодтой сценикон костюмтæ. Æрæджы Чайковскийы номыл концертон залы артисттæ акафыдысты уырыссаг адæмон кафт «Калинкæ». Бæстæйы сæйраг горæты аивадуарзджытæ артисттæн стыр аргъ скодтой. Кæмæ æрцыд ацы кафт сæвæрыны хъуыды? Уырыссаг адæмон кафт «Калинка» ансамбль «Алан» йæ репертуармæ æрæджы бахаста. Цæмæй йæ адæмы размæ рахæссой, уый тыххæ артистты къуыри едтæмæ нæ бахъуыд. Бацæттæ йæ кодтой Уæрæсейы сгуыхт артист, балетмейстер Максут Кубановы разамындæй. Ивгъуыд мæйы «Алан»-ы коллектив «Калинка»-кафт фыццаг хатт акафыд Мæскуыйы Чайковскийы номыл концертон залы сценæйыл. Аивадуарзджыты зæрдæтæ ирд ахорæнтæй барухс кодтой. «Алан» ма акафыд дыууæ кафты - цæцæйнаг æмæ зилгæ кафт. Ацы аз зындгонд коллективыл æххæст кæны 85 азы. Сæ юбилейыл æмбæлынц ног репертуар æмæ ног уавæрты. Паддзахадон ансамблы бæстыхай фарон бындурон цалцæджы фæстæ байгом. Юбилейон гастрольты тур дæр снысан кодтой. Ног кæфтытæ, костюмтæ. Æмæ сæйрагдæр – артистты ног фæлтæр. Коллективы концерттæм аивадуарзджытæ зæрдиагæй æнхъæлмæ кæсынц. Ансамбль «Алан» 1938-ӕм азæй фæстæмæ архайы иууыл бæрзонддæр æмвæзадыл. Бæрæгбоны мадзлттæ ацæудзысты Ирыстоны æмæ Мæскуыйы галуаны.

, чтобы оставлять комментарии