Дзæуджыхъæуы 46-æм сывæллæтты рæвдауæндоны хæрæндон сцалцæг кодтой
Дзæуджыхъæуы сывæллæтты 46-æм рæвдауæндоны цы хæрæндон ис, уый сцалцæг кодтой хæрзгæнджыты фæрæзтæй. Уыцы рацарæзтмæ 55 азæй фылдæр æнхъæлмæ кастысты. Хæрæндон сифтонг кодтой нырыккон домæнтæн дзуапп чи дæтты, ахæм кусæнгæрзтæй. Нæ республикæйы æнтыстджынæй æххæст кæнынц, скъолайы агъоммæ ахуыргæнæндæтты цы хæрæндæттæ ис, уыдоны рацарæзты сæрмагонд программæ. 46-æм рæвдауæндоны ногдзиæндтæ абон федта Дзæуджыхъæуы администрацийы сæргълæууджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Фæрианты Тамерлан æмæ разамынды хайæдты уæнгтæ. Ног хæрæндоны раивтой зæронд кусæнгæрзтæ. Сæвæрдтой дзы ног пец, уазалгæнæн, дзул лыггæнæн, стъæлттæ æмæ хуыссæ змæнтæн машинæ. Рæвдауæндоны разамонæг Æмбалты Маринæйы ныхæстæм гæсгæ, иннæ аз та федералон программæмæ гæсгæ, фæнд кæнынц уæлæмхасæн бæстыхай дæр ма саразын. Уыдзæн дзы бынат 3 къордæн. Уый ахаддзæн рæвдауæндæттæм рады лæууыны нымæц фæкъаддæр кæнынæн. Ныртæккæ ацы рæвдауæндонмæ цæуы 140 сывæллоны. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Дзæуджыхъæуы 46-æм сывæллæтты рæвдауæндоны хæрæндон сцалцæг кодтой
Категория:
Новости и СМИ