Хъæлæс кæнæм!
9-æм сентябры – хъæлæс кæныны иумæйаг бон – Æрæфы, Кировы, Алагиры æмæ Горæтгæроны районты уыдзысты æвзæрстытæ. Бынæттон цæрджытæ сæ хъæлæстæ ратдзысты районты депутатты æмæ хъæуты сæргълæуджытæн. Территориалон æвзарæн къамисты уæнгтæ ныридæгæн бацæттæ кодтой æвзарæн кампани афоныл райдайыны тыххæй æмбæлгæ гæххæттытæ. Уый тыххæй абон фехъусын кодтой Цæгат Ирыстоны центрон æвзарæн къамисы æмбырды. 9-æм сентябры нæ республикæйы кусдзæн 338 æвзарæн участочы. Æвзæрстыты архайдзысты къамисты 300 уæнджы. Участокты пайда кæндзысты бюллетентæ нымайæн аппараттæй. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Хъæлæс кæнæм!
Категория:
Новости и СМИ