Дзанайты Барис амыдта РЦИ-Аланийы хицауады æмбырд
Сæкæрниз дзæбæх кæнæны мадзæлттæ республикæйы хуыздæры 'рдæм фæивдзысты. Ныхас цæуы хъæутæ æмæ дæрддзæф районтыл. Уым фæзындзæн нырыккон медицинон кусæнгæрзтæ низ рагагъоммæ иртасын æмæ дзæбæх кæнынæн. Сæрмагонд ивддзинæдтæ хицауады æмбырды бахастой республикæйы «Æнæниздзинад хъахъхъæнынад»-ы паддзахадон программæмæ. Дзуапдæттæг министр Тебиаты Сослан куыд фæнысан кодта, афтæмæй раздæр бæстæйы хицауады сæрдар Михаил Мишустин бафыста сæрмагонд бардзырд эндокринологийы центртæ æмæ хъæуты дзæбæхгæнæндæттæ сæкæрниз рагагъоммæ раиртасынӕн æмбæлгæ кусæнгæрзтæй сифтонг кæнын. Цæгат Ирыстон ацы хъуыддаджы фæдыл райсдзæн 12 милуан соммæ ввахс. Премьер Дзанайты Барис дзуапдæттæг министрадæн бахæс кодта хостæй ифтонгады æмæ хæрзхъæд медицинон лæггæдтæ исыны фарстатæм уæлдай æргом здахын. Ныхас ма цыд æхсæнадон бынæтты аивдзинадыл. Фидæны аз сæрмагонд программæйы фæлгæты республикæйы районты срæсугъд кæндзысты 39 æхсæнадон объекты. Уый тыххæй рахай кæндзысты 167 милуан сомы. Æрдзырдтой ма транспорты системæйы рацарæзт æмæ хæрзхъæддзинад фæуæлдæр кæныныл. Æмбырды снысан кодтой сæрмагонд программæ ацы къабазы райрæзтæн æмæ транспортон лæггæдты схемæ. Сæйраг нысан – маршрутон хызты райрæзт. Йæ фæлгæты сараздзысты æмæ рацараздзысты инфтраструктурæйы объекттæ, банывыл кæндзысты æхсæнадон транспорты æрлæууæнтæ. Премьер куыд фæнысан кодта, афтæмæй ацы фарстатыл республикæ бæстонæй кусы, уыимæ ма дзуапдæттæг комитет программæйы райрæзтмæ уæлдай бæрнондæрæй кæсы.