Дзæуджыхъæуы райдыдтой Айдарты Хъазыбеджы номыл ерыстæ волейболæй
Цæгат Ирыстоны байгом сты волейболæй ерыстæ. Саразынц сæ ныр 10 азы дæргъы Айдарты Хъазыбеджы номыл. Уый уыдис волейболæй тренер сылгоймæгты къордæн. Айдары-фырт ахæм арæхстджын зондамонæг рауад, æмæ йæ командæ Уæрæсейы нымад уыдис хуыздæртæй иуыл. Ацы ерысты дæр хуыздæрты `взарынц, æрмæст 6 командæйы `хсæн. Уыдон канд Дзæуджыхъæуæй не сты, фæлæ æнæхъæн Цæгат Ирыстонæй. Турнир цæудзæнис 3 боны. Уыцы `мгъуыдмæ хъуамæ уæлахиздзаутæ сбæрæг уой. Ерыстæ саразджыты ныхæстæм гæсгæ, ахæм фембæлдтытæ тынг пайда сты æрмæст сылгоймæгтæн нæ, фæлæ ма нæлгоймæгтæй конд командæтæн дæр. Турниры бахсидынц сæ арæхстдзинæдтæ. Æрыгонæй фæстæмæ волейболыл чи фæцалх вæййы, уыдонæн се `нæниздзинад вæййы æнæфæцудгæ, сæ зæрдæйы ахаст та – хъæлдзæг. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Дзæуджыхъæуы райдыдтой Айдарты Хъазыбеджы номыл ерыстæ волейболæй
Категория:
Новости и СМИ