Къæбылайы æфхæрæджы чи ссардта, уыцы барадхъахъхъæнджытæ фæнд кæнынц преми рафыссын
Мæздæджы граждайнаг бартæ хъахъхъæнæг орган цы къæбылайы фервæзын кодта, уымæн ног хæдзар ссардтой. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм дыууæ къуырийы размæ, хабар æхсæнад сæнкъуысын кодта. Куыдзæн сарæзтой тыхми. Фыдгæнæджы æрцахстой, ныр ын стæрхон кæндзысты. Уыцы `мгъуыдмæ къæбылайæн ветеринарон клиникæйы скодтой цалдæр операцийы. Йæ хъæдгæмттæ уыдысты цæфтæ, иу цæстæй та уæвгæ дæр нал уыдта. Уыд дзы æвзæр низы рæсыд. Ныр къæбыла фæдзæбæх ис. Ног хæдзары йæм базылдысты, стерилизацигонд дæр æрцыд. Цæрæгойы чи бафхæрдта уый цыбыр рæстæгмæ рабæрæг кодтой Мæздæджы районы барадхъахъхъæнджытæ. Уый тыххæй бархионтæ ныр фæнд кæнынц Мидхъуыддæгты министрады кусджытæн æмæ слестгæнджытæн арфæйы ныхæстæ зæгъын. Сæ ныхæстæм гæсгæ раст уаид, пъæлицæйæгтæн преми куы рафыссиккой, уæд. Адæм сæ хæдзарон цæрæгойтыл цæмæн фестырзæрдæ вæййынц, уый бирæтæ не мбарынц. Азæй-азмæ дзæгъæл куыйты, гæдыты æмæ æндæр цæрæгойты нымæц кæны фылдæр. Бирæ аххоссæгтæ ссарæн ис уымæн. Фæлæ сæйрагдæр сты адæм. Растддæр зæгъгæйæ та, сæ зæрдæты ахасты раив-баив. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Къæбылайы æфхæрæджы чи ссардта, уыцы барадхъахъхъæнджытæ фæнд кæнынц преми рафыссын
Категория:
Новости и СМИ